Мыггаджы равзæрд: Къуылых æмæ йæ фæдонтæ

© Sputnik / Из архива Таймураза КулуховаКъуылыхты мыггаджы минæвæрттæ
Къуылыхты мыггаджы минæвæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуылыхты Таймураз сахуыр кодта йæ мыггаджы ратæдзæнтæ, сæ цæрæн бынӕттæ, мыггагхӕсджыты нымæц, се ʻсгуыхтдзинæдтæ, ӕрвадӕлтæ æмæ ссардта 19 æнусы раг фыдæлы ингæн

ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны экологон, технологон æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæргълæууæг Къуылыхты Таймураз сæйраг куыстæй сæрибар рæстæг снывонд кодта йæ мыггаджы ратæдзæнтæ сахуыр кæнынæн. Нӕлгоймагæн цалдæр азмæ бантыст бирæ ахуыргӕндтæй фылдæр, уый ныр зоны йæ чысыл мыггаджы истори иууылдæр — сныв кодта Къулыхты бæласы йæ бындзæфхадæй сыфтæры онг.

Америкæйаг бæлццæттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Америкæйаг бæлццæтты дисы баппæрстой мыггаджы мæсгуытæ Рукъы

Йæхи цымыдис æмæ иртасæн куысты руаджы Таймураз рабæрӕг кодта, сæ фыдæлтæ сæ цард кæй ракодтой Къуыдаргомæй — Дзауы районы Начърепайы хæуæй, уырдыгæй афтыдысты Дзауы районы Къуылыхты хъæумæ, уый фæстæ та  Знауыры районы Иончайы æмæ Уæллаг Бехъмары хъæутæм, æрбынат дзы кодтой Хуссар Иры сæйраг сахары дæр. Мыггагæй афтыд Эстони, Греци, Украина æмæ æндæр бæстæтæм. Абон дунейы цæры дыууæ сæдæ Къуылыхоны бæрц.

"Мæ хъуыды уый мидæг ис, цæмæй бахъахъхъæнон ног фæлтæртæн, цы федтон, цы базыдтон сæ раг фыдæлты тыххæй. Уымæн æмбырд кæнын æрмæг, исын къамтæ æмæ амайын мæ мыггаджы ратæдзæнты бæлас цадæггай, ног æмæ ног къалиуттæ кæнгæйæ, фидæны фæлтæртæн", — банысан кодта Къуылыхты Таймураз.

Мыггаджы равзæрды таурæгъ

Рагон таурæгътæй иумæ гæсгæ, Къуылыхты мыггаг фæзынд Дзауы районы. Начърепайы цæрæг Нанийæн йе "мкъай Хетæгкаты чызгимæ уыд зæнæг – 6 лæппуйы. Лæгæн йæ ус куы фæзиан ис, уæд ӕрхаста дыккаг ус — Джиоты Уасилы чызджы æмæ сын райгуырд фырт. Карджын лæг бирæ нал ацард æмæ ус идæдзæй аззад. Иу ахæмы чызджы фыд ныццыд Начърепамæ æмæ сæм бахатыд цæмæй чызджы рауадзой йæ цæгатмæ.

"Зæнæджы нæ фæндыд, сæ фыды мæлæты фæстæ йын йæ усыл æддæмæ рахæцой, фæлæ, лæджы куырдиат хынцгæйæ, сразы сты йæ хъуыдыйыл. Иу рæстæджы сæм æрыхъуыст, лæппуйы дам Джиотыл ныффыстой. Æфсымæртæ алæбурдтой — се ʻхсæн рацыд загъд æмæ хицæн верситæм гæсгæ хъамайæ цæфтӕм ӕрцыдысты. Ацы цауы фæстæ Джиоты Уасил йæ зæххыты иу хай радта лæппуйӕн, ном та йыл æрфидар Къуылых", — дзуры легендæтæй иу Таймураз.

Къуылыхты фӕлтӕртӕ

Къуылыхты Таймураз йӕ мыггаджы истори иртасы ныр цалдæр азы, ацы рæстæджы уый æсбæрæг кодта Къуылыхты мыггаджы æппæт фæлтæртæ æмæ ма цалдæр фæлтæры та уый размæ. Къуылыхы фыд уыд Нани, уый размæ Попо, ноджы раздæр Кошой, йæ фыд та Гуылæр, уыдон сты Таймуразӕй 14 фæлтæр размæ.

"Æз – мæ фыд — йæ фыд Елиоз – Никъо – Бадилла – Симон уый фыд та Рамин. Мыггаджы истори мæхæдæг цалдæр фæлтæр базыдтон мæ фыдæй, уый фæстæ мын феххуыс кодта мыггаджы хæрæфырт Джиоты Люся, уый радзырдта, Раминæн ма кæй уыд æфсымæртæ Сехо æмæ Къабули, сæ фыд та хуынд Мирман. Стæй ма æндӕр кæмæйдӕр та базыдтон, Къуылыхты хæуы кæй ис Мирманы къуылдымтæ, афтæмæй мæ истори райста реалон кæронхаххтæ сбæлвырд ис реалон æвдисæндартæй.  Дзиццойты Юрийы  чиныг "Топонимия Южной Осетии" дӕр мын кæмдæрты феххуыс ис", — дзуры уый.

Æрæджы мыггаджы минæвæрттæ æрæмбырд сты сæ фыдæлтæй иу — Симоны ингæны цур, кæцыйы райгуырдыл ацы аз сæххæст ис 200 азы. Ингæн ссардæуыд Дзауы районы Къуылыхты хъæуы.

© Sputnik / Архив Таймураза КулуховаКъуылыхты мыггаджы минæвæрттæ
Мыггаджы равзæрд: Къуылых æмæ йæ фæдонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуылыхты мыггаджы минæвæрттæ

"Симонæн æз йæ ингæн ссардтон Къуылыхты хъæуы æмæ йыл фыст ис гуырдзиаг дамгъæтæй. 2016 азы сахуыр кодтон дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ гуырдзиаг дамгъуат, цæмæй бамбарон фыст. Еныр сын сæ къамтæ систон, уымӕн ӕмӕ цасдӕр рæстæджы фæстæ дуры фыст дæр афтæ хорз нал зындзæн", — радзырдта Таймураз.

Ингæны дурыл фыст ис гуырдзиаг дамгъæтæй ирон дзырдтӕ:

"Ингæны ацы дуры бын улæфы Хуыцауы цагъар Симон Романозы-фырт Къулубашвили. Фæзиан дæн 1897 азы январы цыппурсæй 23 бон 79 аздзыдæй. Ныууагътон мæ цæуæт æртæ фырты æд бинонтæ æмæ сывæллæттæ. Чи бакæса уый иу мын рухс зæгъæт".

© Из личного архива Таймураза КулуховаИнгæны дур
Мыггаджы равзæрд: Къуылых æмæ йæ фæдонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ингæны дур

Къуылыхтæ дунейы

Къуылыхтæ, Таймуразы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цæрынц горæттæ Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы, Дыгуры Сындзы хъæуы, Гуырдзыстоны Къуырысхеуы хъæуы, Хуссар Иры Бехъмары. Мыггагæй афтыд Эстони, Греци, Украина æмæ æндæр бæстæтæм дæр.

"Мæ бæрӕггæнæнтæм гæсгæ, ацы мыггагæй дунейы апарахат ис 200 къуылыхоны бæрц. Уыдтæн Знаур, Дзау æмæ Цхинвалы районты, федтон архивон документтæ (Похозяйственная книга æмæ ЗАГСы фыстытæ). Ӕрӕмбырд кодтон бирæ æрмæг. Æрмæст иу хъæуæй Къуылыхтæй Стыр Фыдыбæстон хæсты амард 17 адæймаджы. Цæры дзы Грецийы дæр, уым иу лæппу архайы змисыл хъæбысхæсты спорты. Дыгуры, Сындзы хъæуы дзы ис бинонтæ, бабæрæг сæ кодтон уыдоны дӕр", — радзырдта Таймураз.

Мыггаджы ӕрвадæлтæ

Къуылыхтæн ис цыппар æрвад мыггаджы. Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, ацы мыггæгты иумæйаг фыдæл Кошойы номæй сæ иумæ фæхонынц Кошойтæ.

© Sputnik / Архив Таймураза КулуховаКъуылыхты мыггаджы минæвæрттæ
Мыггаджы равзæрд: Къуылых æмæ йæ фæдонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуылыхты мыггаджы минæвæрттæ
"Къуылыхтæн се ʻрвадæлтæ сты Бæззатæ, Нартыхтæ, Диакъонтæ æмæ Нанитæ, æрвадæлты ма иумæ хонынц Кошойтæ. Къуылыхты хъæуы абон мыггагæй ничиуал баззад, хъæу сæдзæрæг", — дзуры нӕлгоймаг.

Тыхджынтӕ, къухджынтӕ ӕмӕ сӕндуцджытӕ

Йæ сгæрæн куысты рæстæджы Таймураз рабæрæг кодта, мыггаджы минæвӕрттæ уæлдай тынг рæвдз цæмæ уыдысты, уыцы миниуджытӕ.

"Къуылыхты мыггаджы уыд бирæ бæрзонд æмæ стыр тыхы хицау уæйыг лæгтæ. Къуылыхтæй Бехъмары чи æрбынат кодтой, уыдонæй иу Вася СФХ агъоммæ уыд Мæскуыйаг цирчы æмæ дзурынц, зæгъгæ, йæ кæстæр ӕнгуылдзæй иста 32 кг. Ахæм цау дæр уыд — хъæуы лæгтæ архайдтой фезмæлын кæнын нартхордон æмæ сын не ʻнтыст. Стæй йæ "мбисондæн хастой, уый иунæгæй куыд систа, къордæн цы уæз не 'нтыст фезмæлын кæнын, уый", — загъта лæг.

Таймуразы ахуыртæм гæсгæ, тыхджын æмæ хъаруджынæй дарддæр ма мыггаджы минæвæрттæ рæвдз уыдысты зæххы куыстмæ ӕмӕ сӕн аразынмӕ дæр.

"Афтæ ма-иу фæдзырдтой хистæртæ, Дзауы районмӕ-иу сæнагурæг исчи куы бацыд, уæд æй æрвыстой Къуылыхты хъæумæ. Уыд сын Никозы стыр сæндæттæ æмæ арæзтой бирæ сæн", — балхынцъ кодта уый.

Куыстыты авторы фӕнды рауадзын уыдон чиныджы хуызы, цæмæй кæстæртæ зоной сæ мыггаджы истори бæстонæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0