ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон" балхӕдта дыууӕсӕдӕ скъолайы хызыны ӕмӕ къӕнцыларон ӕрмӕджытӕ республикӕйы районты фыццагкъласонтӕн, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.
Ацы аз Дзауы, Цхинвалы, Ленингоры ӕмӕ Знауыры районты скъолатӕм бацӕудзысты 160 лӕппу ӕмӕ чызджы. Уыдон иууылдӕр райсдзысты лӕвар чингуыты хызын скъолайон ӕрмӕджытимӕ. Ахӕм лӕвӕрттӕ ма сараздзысты Цхинвалы интернаты фыццагкъласонтӕн дӕр. Партийы минӕвӕрттӕ дыццӕджы райдыдтой дӕттын хызынтӕ ӕмӕ къӕнцыларон ӕрмӕджытӕ, абон фыццагкъласонтӕ райcдзысты лӕвӕрттӕ бӕрӕгбонон линейкӕты рӕстӕджы.
Ацы аз ахуыр райдыдта цалдӕр бон фӕстӕдӕр — республикӕйы президент бафыста указ, цӕмӕй Зонындзинӕдты бон ахӕссой 1-ӕй 5-ӕм сентябрьмӕ Беслӕны трагедийы афӕдзы боны тыххӕй.
Ахуыр райдыдта 53 скъолайы, уыдонмӕ бацыдысты 6,6 мин скъоладзауы, кӕцытӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ. Афтӕ ма ахуыр райдыдта ХИПУ, бирӕпрофилон колледж, музыкалон ӕмӕ аивадон ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ дыууӕ музыкалон скъолайы.