ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты Зонындзинӕдты боны бӕрӕгбонон линейкӕтӕ ацыдысты ӕнӕ цаутӕй, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, министрад сӕххӕст кодта мадзӕлттӕ ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад бахъахъхъӕнынӕн ног ахуыры азы райдайӕнмӕ.
"МХМ кусджытӕ сӕххӕст кодтой ӕхсӕнадон фӕткы ӕдасдзинад бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы республикӕйы ахуыргӕнӕндӕтты. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ райсомӕй фӕстӕмӕ хъус дардтой автотранспорты змӕлдмӕ ахуыргӕнӕндӕтты цур. Бӕрӕгбоны хӕдразмӕ алкӕцы ахуыргӕнӕндоны дӕр сӕвӕрдтой хъахъхъӕнынад, МХМ кусджытӕ та рахызтысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ", — радзырдтой МХМ.
Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы нысан кодтой Зонындзинӕдты бон. Ацы аз ахуыр райдыдта цалдӕр бон фӕстӕдӕр — республикӕйы президент бафыста указ, цӕмӕй Зонындзинӕдты бон ахӕссой 1-ӕй 5-ӕм сентябрьмӕ Беслӕны трагедийы афӕдзы боны тыххӕй.
Ахуыр райдыдта 53 скъолайы, уыдонмӕ бацыдысты 6,6 мин скъоладзауы, кӕцытӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ. Афтӕ ма ахуыр райдыдта ХИПУ, бирӕпрофилон колледж, музыкалон ӕмӕ аивадон ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ дыууӕ музыкалон скъолайы.