Диссаджы уӕлахиз: Козаты Аслан фембӕлд Грозныйы Мӕскуыйаг ныхмӕлӕууӕгимӕ

© instagram/osetiaalaniaКозаты Асланбег
Козаты Асланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Грозныйы боксы турниры уыд Цӕцӕны сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыров

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Козаты Диана. Ирыстойнаг боксер Козаты Асланбег, кӕцы архайы цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы сконды, рамбылдта "Время легенд" турниры.

Боксы изӕр ацыд ӕртыццӕджы Грозныйы, Козаты Асланбеджы ныхмӕлӕууӕг уыд боксер Мӕскуыйӕ Александр Котов.

Козаты Асланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Асланбег хайад райсдзӕн "Время Легенд" турниры Грозныйы

Турнирӕй иу бон раздӕр боксертӕ рацыдысты сбарыны процедурӕ, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн Козаты Асланбег разынд иу килограмм уӕззаудӕр йӕ ныхмӕлӕууӕгӕй (67,4 ӕмӕ 68,3). Турнир ӕвдыстой комкоммӕ эфиры МАТЧ-ТВ телеканалыл.

Козаты Асланбег тынг хорз ауагъта астраундон рейтингон тох ӕмӕ рамбылдта Александр Котовы. Ацы уӕлахизы фӕрцы ирыстойнаг боксеры уӕлахизтӕ профессионалон рингыл сты ныр 33.

"Стыр бузныг, мӕ сӕрыл чи хӕцыд, уыдонӕн. Чи нӕ хӕцыд, уыдонӕн дӕр бузныг, уый тыххӕй ӕмӕ мын мотиваци дӕттынц", — ныффыста Козаты Асланбег Instagram-ы йӕ официалон фарсыл.

Цӕцӕйнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг Рамзан Кадыровы ныхӕстӕм гӕсгӕ, турнир рауад иттӕг хорз.

"Грозныйы амфитеатр "Грозный-Сити"-йы аренӕйыл фӕцис Ӕхсӕнадӕмон турнир профессионалон боксӕй "Время Легенд". Ӕртӕ сӕйраг тохы срӕсугъд кодтой ӕнӕхъӕн турнир. Мӕнӕн ӕхсызгон у, чемпионтӕ кӕй ссисты Цӕцӕйнаг республикон боксерон клуб "Ахмат"-ы минӕвӕрттӕ", — ныффыста Кадыров социалон хызӕг ВКонтакте йӕ официалон фарсыл.

Марты боксер бахъахъхъӕдта IBO Intercontinental дунейы чемпионы титул, кӕцы уый рамбылдта 2016 азы сентябры, хуссарафрикайӕг спортсмен Паула Камангайыл куы фӕуӕлахиз, уӕд.

Ног хабӕртты лентӕ
0