ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы дипломатон мисситӕ бакӕныныл куыст размӕ ацыд, загъта Sputnik пресс-конференцийы рӕстӕджы республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий.
Сири ацы аз майы банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Сириаг Арабаг Республикӕйы (САР) уыд официалон балцы президент Бибылты Анатолий, бӕстӕтӕ бафыстой цалдӕр бадзырд.
"Хуссар Ирыстоны президенты балцы рӕстӕджы Сиримӕ мах ауагътам ӕнтыстджын консультацитӕ. Ӕрдзырдтам дыууӕварсон ахастыты дарддӕры райрӕзтыл. Банымады коммюникейы уыд фыст, нӕ ахастытӕ кӕй райтынг уыдзысты минӕварадты ӕмвӕзадыл, ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тагъд рӕстӕджы дипломатон мисситӕ райдайдзысты кусын Дамаск ӕмӕ Цхинвалы", — загъта Медойты Дмитрий.
Афтӕ ма ФХМ сӕргълӕууӕг загъта Хуссар Ирыстоны минӕвары кандидатты тыххӕй Сирийы ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, республикӕйы бирӕ уагдӕтты ис хъуыддагзонӕг адӕм, кӕцытӕн сӕ бон у слӕууын минӕварады сӕргъ Дамаскы.
Медойты Дмитрий бахахх кодта, ацы азы кӕй уыд бирӕ нысаниуӕгджын цаутӕ республикӕйы фӕсарӕйнаг политикӕйы – Сербаг Республикӕмӕ ӕмӕ Наурумӕ балц, афтӕ ма хуссарирыстойнаг республикӕйы хайадист Европӕйы парламенты рабадты.