ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik. Уӕрӕсейаг боксер Гасситы Мурӕт радзырдта, йӕ уӕхскыл операцийы тыххӕй кӕй райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын ӕрмӕст ӕрдӕг азы фӕстӕ.
Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы (WBSS) фыццаг сезоны финалмӕ. Финалы уый фембылд украинаг Александр Усикӕн, кӕцы ссис дунейы абсолютон чемпион. Тохы фӕстӕ Гасситы Мурӕтӕн сарӕзтой операци йӕ уӕхскыл.
"Мӕхи иттӕг хорз хатын. Операци ацыд хорз. Ныртӕккӕ фидар кӕнын мӕ ӕнӕниздзинад, тагъд рӕстӕджы райдайдзӕн тренировкӕ кӕнын. Ног тохы датӕйы тыххӕй нырма раджы у дзурын, тагъд никуыдӕм кӕндзыстӕм", — загъта Гасситы Мурӕт РИА Новостийӕн.
Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, тренировкӕ кӕнын райдайдзӕн ӕрдӕг азы фӕстӕ.
Афтӕ ма Гасситы Мурӕт загъта, зӕгъгӕ, йӕ травмӕ нӕ уыд йӕ фембылды сӕйраг аххосаг.
"Травмӕ мӕ хъыгдардта, фӕлӕ уый нӕ уыд мӕ фембылды аххосаг. Уый техникӕ ӕмӕ тактикӕйӕ дӕр уыд хуыздӕр цӕттӕ", — загъта боксер.