Хицауады ӕрдзырдтой Хуссар Ир ӕмӕ Газпромы ӕхсӕн мадзӕлтты нывӕзты фӕдыл

© Sputnik / Наталья АйриянПравительство РЮО
Правительство РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауадтӕ дарддӕр дӕр кусынц амалиуӕгад "Газпром-Хуссар Ирыстоны " дарддӕры архайды фӕдыл бадзырды реализацийыл

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. "Газпром" ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауады ӕхсӕн бадзырды реализацийы фӕдыл хуссарирыстойнаг кусӕгон къорды рабадты рӕстӕджы ӕрдзырдтой республикӕйы газифтонгады мадзӕлттыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта хицауады пресс-службӕ.

Газы хӕтӕлтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц республикӕйы газифтонгадмӕ

Рабадт ацыд сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдар Бекъойты Геннадийы сӕргълӕудӕй. Йӕ хайадисджытӕ ӕрдзырдтой мадзӕлтты нывӕзтыл, кӕцытӕ сфидар кодтой республикӕйы хицауады сӕрдар Пухаты Эрик ӕмӕ "Газпром"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Валерий Голубевы фембӕлды рӕстӕджы.

"Нӕ хӕслӕвӕрд у районты газифтонгад. Ныртӕккӕ цӕттӕ кӕнӕм техникон документаци. Уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ хъӕуы бакусын республикӕйы районты газы хӕтӕлты райрӕзты фарстытыл", — загъта Бекъойты Геннадий.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, газы инфраструктурӕйы арӕзтад райдайдзӕн 2019 азы.

Афтӕ ма Бекъойты Геннадий фехъусын кодта, 14 сентябры кӕй уыдзӕн уӕрӕсейаг ӕмӕ хуссарирыстойнаг кусӕгон къордты иумӕйаг рабадт.

Ног хабӕртты лентӕ
0