ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ республикон наркологон диспансеры кусджытимӕ иумӕ ауагътой рейдон мадзӕлттӕ автовокзалы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Паддзахадон автоинспекцийы батальоны командир Коцты Алим банысан кодта, зӕгъгӕ, рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы, кӕцыты нысан уыд профилактикӕ ӕмӕ республикӕйы фӕндӕгтыл авариты нымӕц фӕцъусдӕр кӕнын, басгӕрстой 20 транспортон фӕрӕз.
"Басгӕрстам автобусты документтӕ, шофыртӕ ацыдысты медицинон басгӕрст — фехӕлдтӕ не сбӕрӕг кодтам", — радӕтта уагдоны пресс-службӕ.
Коцты Алимы ныхӕстӕм гӕсгӕ, рейдты рӕстӕджы басгӕрстой куыд паддзахадон, афтӕ сӕрмагонд транспортон фӕрӕзтӕ дӕр.