Хуссар Иры адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелина банысан кодта йӕ 80 азы юбилей

© Пресс-служба президента РЮОАнатолий Бибилов поздравил Эвелину Гугкаеву с 80-летним юбилеем
Анатолий Бибилов поздравил Эвелину Гугкаеву с 80-летним юбилеем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы номдзыд артисткӕйӕн, кӕцы 50 азӕй фылдӕр архайдта Паддзахадон драмон театры сценӕйыл, раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны президент

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Хуссарирыстойнаг республикӕйы президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелинайӕн йӕ 80 азы юбилейы цытӕн, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Как открывали театр в Цхинвале – видео - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд гом кодтой театр Цхинвалы – видео

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта артисткӕйӕн ӕмӕ йын радта зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ. Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, Гугкаты Эвелинайӕн ис диссаджы стиль, кӕцыйы руаджы уый ссис зындгонд ӕмӕ балхӕдта кӕсджыты зӕрдӕтӕ.

"Ирд ӕмӕ алыгъуызон фӕлгонцтӕ, кӕцытӕ Ды сӕххӕст кодтай дӕ сфӕлдыстадон архайды рӕстӕджы, балхӕдтой адӕмы зӕрдӕтӕ", — загъта президент.

Гугкаты Эвелина загъта бузныг Бибылты Анатолийӕн йӕ арфӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй йӕ республикӕйы адӕмы хорзӕх уа.

Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ Гугкаты Эвелина 50 азӕй фылдӕр архайдта Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры сценӕйыл ӕмӕ сӕххӕст кодта сӕдӕ фӕлгонцӕй фылдӕр. Иууыл сӕйрагдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр йӕхи хъуыдымӕ гӕсгӕ уыд спектакль "Леди Макбет"- ы фӕлгонц.

Ног хабӕртты лентӕ
0