Хуссар Иры бындур æрæвæрдтой барджыты скъолайæн

© Sputnik / Михаил ХасиевДжер: лошади
Джер: лошади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джеры комгæрон бæхдарæг Къæбулты Ренат фæнд кæны скъолайæ дарддæр чындзæхсæвтæн бæхджын прокат рауадзын, бæхджын туризм рапарахат кæнын æмæ афтид хъæуы цард сног кæнын

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны бындур æвæрд æрцыд фидæны бæхыл бадын сахуыр кæныны центрæн. Къӕбулты Хъазбеджы номарæн скъола кæны йæ фыццаг къахдзæфтæ. Цхинвалы районы Джеры комгæрон ныр æдзæрæг хъæуы фысымтæ ссисты Къæбулты Ренаты 12 бæхы.

Бæхдард, куыд рагон бæллиц

Къæбулты Ренат æрæджы райста æххуыс паддзахады сæргълæууæгæй æмæ сæххæст кодта йæ рагон бæллиц – скодта бæхтæ æдзæрæг хъæуы.

© Sputnik / Михаил ХасиевКъæбулты Ренаты бæхтæ
Джер: лошади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къæбулты Ренаты бæхтæ

 

Бæхтæй иууыл рæсугъддæр — хъулон нæл бæх "Жемчужина" йæ æнæсæттоны тыххæй бастæй дарынц. Уымæй бæхдарæг фæнд кæны цот рауадзын. Аннæ къорд æрæмбырд сты сыл бæхы алыварс, йæ барæг æмæ дыууæ нæл бæхы, кæцыдæртæ сæрибарæй тезгъо кæнынц быдырты. Хицау уырнын кæны, уыдон иууылдæр сты сыл бæхы дæлбар — ацы æхсæнады æлдариуæг кæны матриархат.

"Цъæх бæх у сыл, чысыл та у йæ байраг. Сæйраг ам у сыл бæх. Аннæ дыууæ нæл бæх дæр байрагмæ сæ хъус дарынц. Сыл у баст, аннæтæдæр йæ цурæй дард нæ цæуынц æмæ сын фесæфынæй тас нæу", — дзуры Ренат.

Бæхдарæджы сæйраг плантæ баст сты йæ бæхдоны дыууæ нæл бæхимæ, уыдон сты æнцонархайд. Æрæджы уыд сæ фыццаг рахызт æхсæнадмæ. Уыдон сæ хицауимæ архайдтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымады 10 аз юбилейы бæрæгбонон мадзæлтты.

"Дзæуджыхъæуæй цы бæхджын театр æрцыд, уыдонимæ æз дæр цæттæкæнæн æмгъуыд цардтæн иумæ. Равдысты та мæ урс бæхыл уыдтæн Хан Батый. Уым аныхас кодтон дзæуджыхъæуккаг дæснытимæ æмæ мын ныфс бавæрдтой, цыппар мæйы æмгъуыд сæ хъæуы, цæмæй бынæттон барджыты сахуыр кæной лидзгæ бæхыл трюктæ кæнын", — банысан кодта Къæбулты Ренат.

Бæхыл бадыны скъола

Къæбулты Ренат бæхдарынæн равзæрста раздæры Алхашенты хъæу. Уый у столицæйæ 12 километры дæрддзæф, уыдонæй æрмæст дыууæ зæхцъар, аннæ у сосæ фæндаг, 20 минуты бæрц рæстæг хъæуы фидæны скъоламæ бацæуынæн.

"Ам мæ фæнды бакæнын бæхыл бадын ахуыр кæныны скъола. Нæ фыдæлтæ сæ цард бæхыл æрвыстой æмæ сæ фæдонтæ дæр хъуамæ зоной бæхыл бадын. Ныр дæр мæм цæуынц адæм, фæстæдæр фæхондзæн инструктортæ дæр, кæцытæ амондзысты бæхыл бадын", — дзуры Ренат.

© Sputnik / Михаил ХасиевКъæбулты Ренаты бæхтæ
Джер: лошади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къæбулты Ренаты бæхтæ

Лæппуйы ныхæстæм гæсгæ, уый йæхæдæг фыццаг бæхыл сбадт 5 азы кары, уый фæстæ 2 мин хатт рахауд, фæлæ йæ ахаст "иууыл зондджындæр æмæ рæсугъдæр хæдзарон фосмæ" нæ фæивта.

"Ивгъуыд рæстæджы Ирыстоны алкæцы хъæуы дæр уыд бæхтæ. Мах цардыстæм Хъуыриауы хъæуы Джеры комы. Уыцы рæстæджы уыйас бæхджын лæгтæ уыд æмæ бар-æнæбар ахуыр кодтай бæхыл бадын, уый йæхæдæг дæр уыд скъолайау. Джерæй бæрзонддæр ма уыд хъæутæ, рацыдысты иу ссадмæ, науæд цæхмæ æмæ иу дзы уыд иууыл цъус 20 барæджы", — дзуры уый.

Бæхджын чындзæхсæв æмæ чындзы къарет

Бæхдарæг Къæбулты Ренат ам фæнд кæны бæхыл бадыны скъолайæ дарддæр чындзæхсæвы бæхджын къаретты прокат срæвдз кæнын æмæ бæхджын туризм райтынг кæнын.

"Скъола куы сырæза, уæд уый кæны бæхджын туризмы размæцыдмæ. Адæм бирæ цæудзæн. Фондз æфтиндзгæ бæхы куы уа, уæд сараздзæн халагъуд хъæды æхсæвиуатæн. Адæм цæудзысты хæхтæм бæхтыл", — дзуры уый.

© Sputnik / Михаил ХасиевКъæбулты Ренаты бæхтæ
Джер: лошади - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къæбулты Ренаты бæхтæ

Фæлæ уымæй размæ бæхдарæджы фæндмæ гæсгæ Хуссар Иры хъуамæ фæзына чындзы къареты прокат.

"Фæнды мæ бакæнын чындзæхсæвты бæхджын къаретты прокат. Сæ фыдæлты æгъдауæн кад кæнынæн чи уа, чи скæна разгæмттæ, уыдонæн слæудзæн зынгæ къаддæр, науæд та æнæаргъæй", — загъта бæхдарæг.

Ныридæгæн йæ къухы цы бæхтæ ис, уыдон хоны кусæг бæхтæ, фæлæ фæстæдæр æй бæхты нымæцмæ бакæнын нывæнды нæ фыдæлты аланты бæхтæ дæр.

"Аланты бæхтæн ис комкоммæ фæдонтæ — ахалтекинаг порода, уый лидзгæ-лидзын дæр йæ сæр бынмæ нæ уадзы. Алантæ сæ бæхты афтæ хъомыл кодтой æмæ тохы мидæг дæр риуæй цафтой. Асæй дæр уыдысты бæрзонд, лæджы æмрæнхъ уыдон дæр тох кодтой хæсты — риуæй цафтой, хæцыдысты. Уыцы порода дæр хъуамæ самал кæнон", — загъта Ренат.

Йæ хæдзарæй чысыл бындæр æрдæгарæзтæй лæууы егъау фермæ. Кредитон фæрæзты фыццаг транш æмæ йæхи хæрдзтæй уый сарæзта ацы агъуыст цалдæр азы размæ. Фæнд дзы кодта саразын размæцыд хæдзарад, куысты фæдыл ардæм хъавыд раздахын хъæумæ цæрджыты, фæлæ фæндтæ фæцъæмæл сты.

"Президент уал мын баххуыс кодта бæхтæ балхæнынæн. Нырмæ мæн нæ хъуыстой, фæлæ та мæ ныр ныфс бацыд. Ам стыр фермæ куы сырæза, уæд адæмæн уыдзæн куыст. Ӕрдæгпырх хæдзæрттæ бацалцæг кæнын æмæ сæ адæмæн слæвар кæн æмæ ацы хъæу сцæрæг уаид", — радзырдта йæ дардцæуæг нывæзттæ Ренат.

Ног хабӕртты лентӕ
0