Майдантӕ хъайтартӕн: депутат банхъардта схорзӕхджын кӕнын Хуссар Иры хъахъхъӕнджыты

© Sputnik / Наталья АйриянВладимир Келехсаев глава Дзауского района РЮО
Владимир Келехсаев глава Дзауского района РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыццӕджы парламенты схорзӕхджын кодтой депутатты ӕмӕ закондӕттӕн органы кусджыты

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Козаты Диана. Парламенты депутат Чилӕхсаты Владимир банхъардта схорзӕхджын кӕнын майданӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстон хӕсты адӕмы уӕлахизыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн" алкӕйдӕр, чи хъахъхъӕдта республикӕ 1989 азӕй фӕстӕмӕ.

Джиоты Алан (Парпат) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары уынг: Парпаты номхӕссӕг иунӕг проспект Цхинвалы

Парламенты ӕртыццӕджы сӕххӕст ис радон сесси, кӕцыйы хай уыд нывонд хорзӕхтӕ раттынӕн депутаттӕ ӕмӕ закондӕттӕн органы кусджытӕн. Юбилейон майданӕй схорзӕхджын кодтой президент Бибылты Анатолийы дӕр.

"130 адӕймагӕй фылдӕр сты орден Уацамонгӕйы кавалертӕ. Ӕвӕццӕгӕн, уыдон иууылдӕр сты аккаг ацы хорзӕхӕн. Фӕлӕ ацы орденӕй нырма дӕр нӕ схорзӕхджын кодтой ирон адӕмы ирддӕр минӕвӕрттӕй иуы — Джиоты Аланы (Парпат). Уый уыд аккаг лӕппу, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, хъӕуы бахӕссын хъӕппӕрис, цӕмӕй йӕ схорзӕхджын кӕной", — загъта Чилӕхсаты Владимир.

Афтӕ ма депутат банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон 89-ӕм азӕй фӕстӕмӕ хъахъхъӕдтой адӕм, кӕцытӕй бирӕтӕ удӕгас нал сты. Чилӕхсаты Владимир банхъардта саразын уыдонӕн номхыгъд ӕмӕ схорзӕхджын кӕнын ног юбилейон майданӕй хъахъхъӕнджыты иууылдӕр.

Гасситы Петр хорзыл банымадта депутаты хъуыды ӕмӕ банысан кодта, ацы фарста кӕй ис гӕнӕн аскъуыддзаг кӕнын. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы хъӕппӕрис бадӕтдзысты президентмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0