Цхинвалы зынгирвӕзты зианбаййафджыты уавӕр у уӕззау, фехъусын кодтой медиктӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевПожар в Цхинвале
Пожар в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгирвӕзт ӕрцыд газы баллоны фехӕлды тыххӕй Хуссар Ирыстоны столицӕйы Кочысаты Розайы уынгыл

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Цхинвалы зынгирвӕзты зианбаййафджытӕй иуы аластой Хуссар Ирыстоны территорийӕ ӕндӕр рынчындонмӕ, йӕ уавӕр у уӕззау, фехъусын кодтой республикон соматикон рынчындоны.

Пожар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы басыгъд хисæрмагонд хæдзар

Зынгирвӕзт ӕрцыд ӕмдзӕрӕндоны агъуысты Кочысаты Розайы уынгыл ӕртыццӕджы 16:30 сахатыл. Зынгирвӕзты аххосаг уыд газы баллоны фехӕлд. Цауы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой фатертӕй иуы цӕрӕг хо ӕмӕ ӕфсымӕр — Цхинвалы 31 ӕмӕ 18 аздзыд цӕрджытӕ.

"Нӕлгоймагӕн йӕ буар 60 процент басыгъд, йӕ уавӕр у уӕззау ӕмӕ йӕ аластой республикӕйы территорийӕ, цӕмӕй йын экстренон ӕххуыс бакӕной", — радзырдтой уагдоны.

Йӕ хо дӕр бахаудта рынчындонмӕ буары сыгъдимӕ, фӕстӕдӕр йӕ уавӕр февзӕрдӕр ис — ӕвӕццӕгӕн, газы хъӕстӕйы фӕстиуджыты тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0