Къудухты Бесикы мысӕнӕн сисдзысты аивадон киноныв

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæБесик Кудухов.
Бесик Кудухов. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кинолентӕ уыдзӕн легендарон ирон спортсмены мысӕнӕн, фӕлӕ хъӕбысхӕцӕджы цардыл бындурӕвӕрд нӕ уыдзӕн

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Олимпиаг хъӕзтыты дыууӕ хатты призер, цыппар хатты дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Къудухты Бесикы мысӕнӕн сисдзысты аивадон киноныв, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Кинолентӕ равдисдзӕн ӕвзонг лӕппуйы истори, кӕцы ацыд Уӕрӕсейы столицӕмӕ кусынмӕ ӕмӕ райдыдта архайын уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй. Сӕйраг фӕлгонц кинонывы сӕххӕст кӕндзӕн цӕгатирыстойнаг актер Арсен Мартиашвили.

Афтӕ ма кинонывы хайад исы ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй америкаг спортсмен, дунейы чемпион джиу-джитсу ӕмӕ грэпплингӕй Джеф Монсон.

Кинолентӕ уыдзӕн легендарон ирон спортсмены мысӕнӕн, фӕлӕ хъӕбысхӕцӕджы цардыл бындурӕвӕрд нӕ уыдзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0