Цхинвалы мэри фехъусын кодта, куыд дӕтдзӕн цӕрӕнуат ногарӕзтад хӕдзӕртты

© SputnikПятиэтажные новостройки на улице Героев в Цхинвале
Пятиэтажные новостройки на улице Героев в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къамис ӕвзары кандидатты, кӕцытӕ райсдзысты фатертӕ дыууӕ ног фондзуӕладзыгон хӕдзары Хъайтарты уынгыл

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik, Козаты Диана. Бинонты номхыгъд, кӕцытӕ райсдзысты цӕрӕнуат ног микрорайоны Цхинвалы Хъайтарты уынгыл, уыдзӕн бӕрӕг ӕрмӕстдӕр столицӕйы мэрийы ӕхсӕнадон къамисы куысты фӕстӕ.

Ӕхсӕнадон къамис дарддӕр дӕр сгары бинонты номхыгъдтӕ, кӕцытӕ райсдзысты фатертӕ ног хӕдзӕртты. Уыдон ныридӕгӕн басгӕрстой 350 бинонтӕй фылдӕр.

"Мах лӕмбынӕгӕй сгарӕм алкӕцы бинонты дӕр. Аразӕм алцыдӕр, цӕмӕй фатертӕ фыццаг райсой ӕххуысхъуаг бинонтӕ. Фатертӕ райсыны кандидаттӕ уыдзысты бӕрӕг ӕрмӕст дӕр къамисы куысты фӕстӕ", — радӕтта пресс-службӕ мэры хӕдивӕг Джиоты Эндрикы ныхӕстӕ.

Къамисы куысты сӕйраг проблемӕйыл Джиоты Эндрик нымайы цъус информаци кандидатты фӕллойы тыххӕй. Ацы фарстайы мэрийӕн ӕххуыс кӕны юстицийы министр, прокуратурӕ, МХМ ӕмӕ ПӔК.

© SputnikНовостройка на улице Героев: куда заселят очередников
Новостройка на улице Героев: куда заселят очередников - Sputnik Хуссар Ирыстон
Новостройка на улице Героев: куда заселят очередников

"Ацы хъуыддагыл хардз цӕуы бирӕ рӕстӕг. Къамисы 19 уӕнг, кӕцыйы сконды сты мэри, тыхон структурӕтӕ кусджытӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, ахуырады министрад, юстицийы министрады, афтӕ ма ДИФ ӕмӕ парламенты депутаттӕ аразынц алцыдӕр, цӕмӕй цӕрӕнуат дӕттой адӕмӕн цӕсгомджынӕй", — загъта мэри хӕдивӕг.

Иумӕйагӕй дыууӕ фондзуӕладзыгон хӕдзары Хъайтарты уынгыл ис 200 фатеры. Цӕрӕнуаты иумӕйаг фӕзуат у 20 мин квадратон метр.

Хӕдзӕртты арӕзтадыл уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн кодтой 500 милуан сомӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0