Дидинтæ æмæ зарджытæ: Цхинвалы районы æрымысыдысты хæсты хъайтарты

Рафыссын
Ветеранты цæдисы уæнгтæ дидинтæ сæвæрдтой Сталины æмæ СФХ цыртытыл Цхинвалы район Прис æмæ Дыгъуызты хъæуты

Хуссар Ирыстоны Ветеранты цæдисы уæнгтæ бабæрæг кодтой Цхинвалы районы Стыр Фыдыбæстон хæсты цыртытæ. Цæдисы уæнгтæ фыццаг сæ фæндаг акодтой Присы хъæуы уæвæг хæсты бабынуæвджыты мемориалон цыртыл.

Ацы хъæуæй хæсты быдыры цы æфсæддонтæ баззадысты, уыдон ном сæнусон кодтой советон дуджы, фæлæ цырт ʻрцыд æдзæллаг уавæрмæ.

Ивгъуыд аз ам фесты цалцæггæнæн куыстытæ æмæ цырт райста ног хуыз. Ветеранты цæдисы уæнгтæ ам сæвæрдтой дидинтæ, уый фæстæ къорд йæ фæндаг акодта Дыгъуызты хъæумæ.

Скъолайы фарсмæ уæвæг СФХ æмæ Сталины цыртыл дæр ветерантæ сæвæрдтой дидинтæ.

Мысæн акци балхынцъ кодтой Цхинвалы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны.

Ног хабӕртты лентӕ
0