Хуссар Ир сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитет фехъусын кодта Гуырдзыстонимӕ арӕн рӕстӕгмӕ сӕхгӕныны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон сӕхгӕндзӕн Гуырдзыстонимӕ арӕн Республикӕйы бон нысан кӕныны рӕстӕджы, фехъусын кодтой республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы.

Уадзӕн пункттӕ сӕхгӕндзысты ӕртыццӕджы, 19 сентябры, 20.00 сахатыл.

Гӕбӕраты Юрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Депутат: æнæ 20 сентябры рахæсгæ уынаффæ нæ уыдаид Хуссар Ир

"Уадзӕн пункттӕ хуымӕтӕг режимы райдайдзысты кусын 21 сентябры 6.00 сахатыл", — банысан кодтой ПӔК.

Хуссар Ирыстоны Республикӕйы бон нысан кӕнынц ӕрвылаз дӕр 20 сентябры.

Автономон областы адæмон депутатты совет 1990 азы 20 сентябры расидт Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды. Ацы уынаффæ ссис хæдбардзинад æмæ æхсæнадæмон нымадмæ фæндагыл фыццаг къахдзæфтæй иу.

Уый фæстæ райдыдта дæргъвæтин тох хæдбардзинады сæрвæлтау, кæцы балхынцъ ис 2008 азы хæсты æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы 'рдыгæй банымадæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0