Ӕрмдæсныты армукъа-равдыст ацæудзæн Цхинвалы

© Sputnik / Анна Кабисова Армукъа
Армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Столицæйы Хетæгкаты Къостайы цыртрæбын фенæн, науæд балхæнæн уыдзæн 19 æрмдæсныйы куыстытæн

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады дæлбар Адæмон сфæлдыстады центр Республикæйы бæрæгбонмæ æрбакæндзæн æрмдæсныты III армукъа-равдыст "Сæндидзæн", фехъусын кодта Sputnik центры пресс-секретарь Къæбысты Зæринæ.

Детский танцевальный ансамбль Ирон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъазт æмæ зард: Цхинвалы ацыд кафты изæр

Хуссар Иры æрмдæсныты куыстытæ фенæн æмæ балхæнæн уыдзæн 20 сентябры Хетæгкаты Къостайы цыртрæбын Цхинвалы.

"Куырдиæттæ райстам 19 адæймагæй — сæ куыстытæ бавдыстой куыд карджын адæймæгтæ, афтæ скъоладзаутæ дæр. Уыдон архайынц аивады хицæн здæхæнты – национ хъазæнтæ, хъæдырмæгæй мигæнæнтæ аразын, бийын, хуыйын æмæ æндæр фадгуыты. Къостайы цыртрæбын алкæцы адæймагæн дæр уыдзæн йæхи сæрмагонд фынг йæ куыстытимæ", — загъта Къæбысты Заринæ.

Уый ма бафтыдта, армукъа-равдыст кæй адарддæр кæндзæн "Ирон хъазт".

Ног хабӕртты лентӕ
0