00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Ирон эфир
08:00
4 Мин
Ирон эфир
08:30
4 Мин
Ирон эфир
09:00
4 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
В центре событий
17:36
23 Мин
Ирон эфир
08:00
3 Мин
Ирон эфир
08:03
27 Мин
Ирон эфир
08:30
3 Мин
Ирон эфир
08:33
27 Мин
Ирон эфир
09:00
3 Мин
Ирон эфир
09:30
3 Мин
Главные темы
12:00
3 Мин
О главном на Спутнике
12:12
10 Мин
Главные темы
12:30
3 Мин
В центре событий
17:05
4 Мин
В центре событий
Форум в Южной Осетии обречен на успех - Сергей Санакоев
17:25
2 Мин
Главные темы
Новости
17:30
3 Мин
В центре событий
В Эстонии начнутся военные учения стран НАТО
17:33
0 Мин
В центре событий
Михаил Кулумбегов представил свои работы на I МЭФ в Южной Осетии
17:34
15 Мин
В центре событий
Путешествие по датам с Аланом Цховребовым
17:50
3 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Дамаскы центры байгом уыдзӕн Хуссар Иры базарадон минӕварад

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæДамаск
Дамаск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы президенты хӕдивӕг Джыгкайты Вахтанг радзырдта Сирийы ӕхсӕнадӕмон армукъайы хайадист ӕмӕ йӕ фӕстиуджыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны базарадон-сӕудӕджерадон палатӕ фыццаг хатт хайад райста Дамаскы ӕхсӕнадӕмон базарадон армукъайы Сирийы официалон ӕрхуындмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй радзырдта Цхинвалы пресс-конференцийы рӕстӕджы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕйы президенты хӕдивӕг Джыгкайты Вахтанг.

"Фыццаг балцы рӕстӕджы мах равдыстам Хуссар Ирыстоны базарадон-сӕудӕджерадон палатӕ, цӕмӕй фылдӕр радзурӕм нӕ бӕстӕйы тыххӕй ӕмӕ бафыссӕм бадзырдтӕ ахсджиаг ӕмбӕлттимӕ, кӕцытӕ цӕттӕ сты ӕмгуыстад кӕнынмӕ. Равдысты рӕстӕджы ауагътам баныхастӕ Хуссар-Африкайаг республикӕ, Бразили, Иран, Венесуэла ӕмӕ Хуссар Корейимӕ — алкӕимӕ дӕр баныхас кодтам бафыссын бадзырдтӕ базарадон палатӕты ӕмвӕзадыл", — радзырдта Джыгкайты Вахтанг.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, армукъайы хайадисты сӕйраг фӕстиуӕг уыд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы базарадон палатӕты ӕхсӕн бадзырды бафыст.

Уӕрӕсейаг 4 ӕфсӕддон базӕ Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сирийы хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй спайда кӕндзысты Хуссар Иры

"Цыппӕрӕм бон мах фӕхуыдта Сириаг Арабаг Республикӕйы Базарадон палатӕты федераци. Фембӕлды рӕстӕджы бафыстам бадзырдтӕ. Уый у егъау политикон къахдзӕф — ахӕм стыр бӕстӕимӕ бадзырд у тынг ахсджиаг Ирыстонӕн", — бахахх кодта уый.

Джагкайты Вахтанг ма бафтыдта, зӕгъгӕ, иууыл сӕйраг фӕстиуӕг уыд Дамаскы центры Хуссар Ирыстоны фыццаг иудадзыг базарадон минӕварады баконд. Уый загъта бузныг президент Бибылты Анатолийӕн, кӕцыйы ӕххуысы руаджы сӕххӕст сты ахӕм фӕстиуджытӕ.

Дамаскы ӕхсӕнадӕмон армукъа у Ӕввахс Скӕсӕны регионы иууыл зӕронддӕртӕй иу. Хуссар Ирыстонӕй дарддӕр армукъайы хайад райстой Уӕрӕсе, Абхаз, Африкӕйы бӕстӕтӕ, Ӕввахс Скӕсӕн, Ази ӕмӕ Латинаг Америкӕйы минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0