Хуссар Ир нысан кӕны Паддзахадон тырысайы бон

© Sputnik / Наталья АйриянИрон тырыса
Ирон тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы националон символ ссис хуссарирыстойнаг паддзахады сӕрибардзинадыл тохы символ 1989 азы

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы, 19 сентябры нысан кӕнынц Паддзахадон тырысайы бон. Нысаниуӕгджын цауы фӕдыл республикӕйы цӕрджытӕн раарфӕ кодта парламенты спикер Гасситы Петр.

"Республикӕйы герб ӕмӕ гимнимӕ иумӕ тырыса у иууыл сӕйрагдӕр паддзахадон символтӕй иу, нысан кӕны бӕстӕйы сӕрибардзинад, хӕдбардзинад ӕмӕ суверенитет. Ацы тырысайы бын Ирыстоны хъахъхъӕнджытӕ цыдысты тохмӕ сӕ Фыдыбӕстӕйы хӕдбардзинады номыл", — банысан кодта парламенты спикер.

Гасситы Петр бафтыдта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны адӕм хъуамӕ сӕрыстыр уой, ӕддагон политикӕйы зындзинӕдты цур дӕр сын кӕй ис сӕхи тырыса, герб ӕмӕ гимн.

Хуссар Ирыстоны Герб ӕмӕ Тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тырыса куыд патриотизм ӕвдисыны мадзал

Паддзахадон тырысайы бон Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт банысан кодтой 2013 азы, фæлæ националон символ ссис 1989 азæй фæстæмæ. 1990 азы ноябры республикæйы парламент сфидар кодта ирон триколор, куыд паддзахаддзинады символ, афтӕ.

Ирон тырыса у хæдбар æмæ сæрибар бæстæйы символ. Тырыса у ӕртӕхуызон, конд у урс, сырх ӕмӕ бур кӕттагӕй. Ацы ӕртӕ хуыз дӕр иттӕг хорз зындгонд сты суанг рагон Аланийы дугӕй. Урс хуыз нысан кӕны монондзинад, сыгъдӕгдзинад, зонд. Сырх — ӕхсар, хъӕбатырдзинад, рӕстдзинад. Бур — бӕркад, фарн, мулк. Тырыса разæнгард кæны ирон адӕмы ног цард аразынмæ, дидинæфтаугæ фидæны фæндæгтыл цæуынмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0