ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг дзюдоисттӕ иттӕг хорз равдыстой сӕхи Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты хсӕн Новороссийскы, хъусын кӕны 15-ӕм регион.
"Сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой Гӕджиты Кристина (57 килограмм), Зураты Зӕлинӕ (63 килограмм), Елхъанты Яна, Татьяна Гайшун (70 килограмм) ӕмӕ Къӕбысты Азӕмӕт (73 килограмм)", — банысан кодтой пресс-службӕйы.
Сергей Ларюков (60 килограмм) ӕмӕ Темырхъанты Эрик (81 килограмм) та ссисты ӕвзист майданты хицӕуттӕ.
Турниры бронзӕйы майдантӕ рамбылдтой Давид Тутхалян (60 килограмм), Дзиццойты Артур (73 килограмм), Тебиаты Сӕрмӕт (81 килограмм) ӕмӕ Дзабиты Алан (90 килограмм).