"Хонгæ кафт" ссис цæгаткавказаг фестивалы хуыздæр номыр

© Sputnik / Ада БагианКонцерт государственного ансамбля "Симд"
Концерт государственного ансамбля Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Музыканттæ, зарæггæнджытæ æмæ кафджытæ райстой грамотатæ, лæвæрттæ æмæ хорз аргъгæндтæ

ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон кусджытæ бавдыстой ХIX-æм æхсæнадæмон аивæдты фестиваль "Мир Кавказу"-йы ирон кафт, зарæг æмæ цагъд. Цæгаткавказаг культурон форумы жюрийы уæнгтыл стыр тæлмæнтæ ныууагътой Санахъоты Инал æмæ Хуыгаты Олесяйы æххæстæй хонгæ кафт "Сага любви", радзырдта Sputnik РХИ Культурæйы министрады аивады хайады хистæр Ӕлборты Фатима.

Ирон национ инструментты ансамбль "Сæрмæттæ" ацагътой Ӕлборты Феликсы уацмыс, вокалист Сланты Ацæмæз сæххæст кодта ирон, италиаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл зарджытæ.

"20 коллективы бæрц архайдта фестивалы. Ӕз уыдтæн жюрийы æмæ йæ уæнгтæ се ʻппæт дæр загътой, иууыл хуыздæр хореографион номыр кæй уыд нæ къай Санахъоты Инал æмæ Хуыгаты Олесяйæн. Мах уыдыстæм иунæг коллектив, кæцыйæн мадзалы кæрон æмдзæгъд кодтой лæугæйæ. Нæ вокалист Сланты Ацæмæз, концертмейстер Гæджиты Жаннаимæ цæсты бахаудтой сæ репетициты рæстæджы дæр", — загъта Ӕлборты Фатима.

Уый ма радзырдта, зæгъгæ, хъыгагæн, Цæцæны республикæйы цы концерттæ хъуамæ ацыдаид, уыдон æххæст гуырахстæй нал сарæзтой фысымтæн сæхи аххосæгтæм гæсгæ.

Форум цыд Цæцæны сæйраг горæт Грозныйы. Фестивалы Хуссар Иры минæвæрттæ архайынц æрвылаз дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0