ЦХИНВАЛ, 25 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд алагираг поэт, Уæрæсейы фысджыты цæдисы уæнг, Уæрæсейы профессионалон литераторты цæдисы уæнг Пагæты Аслæнбеджы æмдзæвгæты æмбырдгонд "Зæрдæйы зарæг"-ы презентаци.
Мадзалмæ æрæмбырд сты интеллигенцийы минæвæрттæ, кастысты поэты æмдзæвгæтæ, зонгæ кодтой йæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндагимæ, уæрæх экраныл равдыстой йæ хицæн æзты ист къамты слайд-шоу.
Мадзал æрбайгом кодта культурæйы министр Зассеты Жанна, уый рахицæн кодта авторы сфæлдыстадæй цалдæр æмдзæвгæйы æмæ сæ бакаст æрæмбырдуæвджытæн.
"Мæн фæндид, куы уаин уыцы курдиаты хицау, цæмæй Беслæны зæдтыл ахæм рæнхъытæ ныффыссон. Чиныг у егъау, бæзджын, кæцыдæр уацмыстæ дзы балхæдтой мæ зæрдæ. Фæзæгъынц, французтæ сты хорз психологтæ, мæнмæ гæсгæ та хорз психолог у алагираг лæппу æмæ йæ равдыста сылгоймагæн нывонд æмдзæвгæйы", — загъта Зассеты Жанна.
Автор йæхæдæг бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, амондджын кæй у Цхинвалы йæ чиныг бавдисын.
"Стыр бузныг дæн, æз абон Чъребайы кæй дæн. Хæст ʻрцыд, бирæ фыдмитæ нын бакодтой, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, абон стæм иумæ, нæ зындзинæдтæ та нын уæт зондзонæн", — банысан кодта йæ раныхасы Пагæты Аслæнбек.
Поэты æмбырдгонды æмдзæвгæты ʻхсæн ис Беслæны теракт æмæ Донбассæн нывонд æмдзæвгæтæ дæр. Пагæты Аслæнбек ма литературон куыстæй дарддæр архайы медицинæйы къабазы — у тибетаг медицинæйы специалист.