ЦХИНВАЛ, 26 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, Инвестпрограммӕйы реализаци цӕуы нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Уый тыххӕй паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта ХПӔ бӕстӕты, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ социалон-экономикон ӕмгуыстады хайады хистӕры хӕдивӕг Денис Травинимӕ рабадты рӕстӕджы, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ дыууӕбонон кусӕгон балцы.
"Аз фӕуд кӕны, ӕмӕ махӕн нӕ зӕрдӕ райы, Инвестпрограммӕйы реализаци кӕй цӕуы нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Уый у фыццаджыдӕр Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы уагдӕтты иумӕйаг куысты руаджы", — радӕтта Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ президенты пресс-службӕ.
Афтӕ ма президент банысан кодта, ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадты размӕ кӕй хъӕуы ауадзын цӕттӕгӕнӕн куыст.
Денис Травин та ӕрдзырдта УФ президент Владимир Путины фӕдзӕхстты тыххӕй, кӕцытӕ уый радта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды рӕстӕджы — сӕйраджыдӕр, республикӕйы бюджетон кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын.
"Бюджетон кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕныны фарст хъӕуы ныридӕгӕн аскъуыддзаг кӕнын. Мах хъуамӕ схизын кӕнӕм мыздты ӕмвӕзад Цӕгат-Кавказы федералон зылды ӕмвӕзадмӕ", — загъта Денис Травин.