Хуссар Иры ӕвзонг фистӕг бӕлццӕттӕн радзырдтой фӕндагон змӕлды фӕтктӕ

© МВД РЮОХуссар Иры ӕвзонг фистӕг бӕлццӕттӕн радзырдтой фӕндагон змӕлды фӕтктӕ
Хуссар Иры ӕвзонг фистӕг бӕлццӕттӕн радзырдтой фӕндагон змӕлды фӕтктӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон автоинспекцийы минӕвӕртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаг ахизыны проблемӕ арӕхдӕр фӕзыны райдайӕн кълӕсты ахуыргӕнинӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ уыдон нӕ зонынц фӕндагон нысӕнттӕ

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ ауагътой профилактикон ныхас гимнази "Рухс"-ы фыццагкъласонтимӕ. Мадзалы рӕстӕджы чысыл фистӕг бӕлццӕттӕн радзырдтой фӕндагон змӕлды фӕткты тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.

Хуссар Иры МХМ бафӕдзӕхста велосипедистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ бафӕдзӕхста велосипедистты бӕрны тыххӕй

Фӕндагон хъусдарды хистӕр паддзахадон автоинспектор Бесаты Александр бамбарын кодта скъоладзаутӕн, куыд хъӕуы раст ахизын фӕндагыл, афтӕ ма радзырдта фистӕгвӕндаг ӕмӕ светофоры нысаниуӕджы тыххӕй.

"Фӕндаг ахизыны проблемӕ арӕхдӕр фӕзыны райдайӕн къласты ахуыргӕнинӕгтӕн, уый тыххӕй ӕмӕ уыдон нӕ зонынц фӕндагон нысӕнттӕ. Гимназийы ахуыргӕнинӕгтӕ базыдтой, куыд хъӕуы хӕдтулгӕйы сбадын ӕмӕ рахизын, цӕннӕ ис гӕнӕн хӕдтулгӕйы раззаг бадӕныл бадын ӕмӕ цӕмӕн у ахсджиаг хъуыды кӕнын дӕ адрес", — радӕтта пресс-службӕ Бесаты Александры ныхӕстӕ.

Паддзахадон автинспекцийы минӕвар фехъусын кодта ахуыргӕнинӕгтӕн, зын уавӕры куы бахауой, уӕд сӕ бон кӕй у ракурын ӕххуыс хистӕртӕй уынджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0