МХМ: Хуссар Иры дарддӕр агурынц Уӕрӕсейы фесӕфӕг ӕмбӕстаджы

© Sputnik / Андрей Попов /  Ахизын медиабанкмæФыдракӕнды бынаты
Фыдракӕнды бынаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы фесӕфӕг ӕмбӕстагыл ориентировкӕ арвыстой республикӕйы районтӕм дӕр

ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ дарддӕр дӕр агурынц УФ 21-аздзыд ӕмбӕстаджы — ориентировкӕ арвыстой горӕты ӕмӕ районты мидхъуыддӕгты хайадтӕм, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ агуры Уӕрӕсейы Федерацийы фесӕфӕг ӕмбӕстаджы

Горӕты мидхъуыддӕгты хайады хистӕр Мӕргъиты Уырызмӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, нӕлгоймаджы агурынц республикӕйы столицӕйы, фӕлӕ дзы фӕстиуджытӕ нырма нӕй.

Афтӕ ма фесӕфӕг нӕлгоймаджы агуры оперативон-сгарӕн къорд Знауыры районы.

"Фесӕфӕг нӕлгоймаджы знон ӕмбисӕхсӕвмӕ агуырдтой Знауыры районы хъӕуты. Агуырды хайад райстой Знауыры районы мидхъуыддӕгты хайады 20 кусӕгӕй фылдӕр", — банысан кодта къорды разамонӕг Собаты Азӕмӕт.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ӕвзонг лӕппуйы агурыны ӕххуыс кӕнынц бынӕттон цӕрджытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0