"Историйы сыфтæ": 22 баннеры фæзындзæн Цхинвалы уынгтæй иуыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваОктябры уынг
Октябры уынг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Октябры уынгыл 22 дыварсон баннерыл ныффысдзысты нæ фыдæлты цардæй историон факттæ æмæ Аланийы нырыккон историон цаутæ

ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сæйраг сахары Октябры уынгыл айтындзысты историон цаутæ æмæ датæтимæ фыстытæ. Цхинвайлæгты тезгъойы уарзон зонæйы баннертыл фæзындзæн нæ историйæ цымыдисон скъуыддзæгтæ, фехъусын кодта Sputnik проекты автор, инженерон-экономикон факультеты декан Къæбысты Мария.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон зонады ног ӕмвӕзад: ХИПУ сараздзӕн проектты комплекс

Проект "Историйы сыфтæ" æххæст цæуы ахуырады министрады монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты.

"Рагæй мæм уыд ацы хъуыды æмæ кæдæй-уæдæй фæзынд фадат йæ сæххæст кæнынæн. Проектыл куысты мæ фарсмæ æрбалæууыдысты университеты ахуыргæнджытæ æмæ студентты къорд. Стæм фæудхъус, ацы къуыри Октябры уынгыл кæрæй–кæронмæ фенæн уыдзæн баннертæ", — загъта Къæбысты Мария.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Цхинвалы Октябры уынгыл 22 дыварсон баннерыл ныффысдзысты нæ фыдæлты цардæй историон факттæ æмæ Аланийы нырыккон историон цаутæ.

"Баннертæ уыдзысты тротуартæм хæстæг. Сæ уæлæ уыдзæн фыстытæ, кæцытæ таурæгъ кæндзысты нæ адæмы историйæ нысаниуæгджын датæтæ æмæ цымыдисон цауты тыххæй. Тезгъогæнгæ ацы информаци адæмæн сæ хъуыдыйы фидар кæндзæн", — бафтыдта уый.

Проекты авторы хъуыдымæ гæсгæ, уый фæахъаз уыдзæн фæсивæды патриотикон хъомыладæн.

Ахуырады министрады монон-фæткæвæрдон нывæзты фæлгæтты ма паддзахадон университеты психологи æмæ ирон æвзаджы факультеттæ дæр æххæст кæнынц фæйнæ проекты.

Ног хабӕртты лентӕ
0