ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik. Ивгъуыд къуырийы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 208 фӕткхалды, цыппар шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕ нозтджынӕй, хъусын кӕны республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Уагдоны банысан кодтой, 24 сентябрӕй 1 октябрмӕ республикӕйы территорийыл кӕй сбӕрӕг кодтой ӕртӕ фыдракӕнды. Алыгъуызон фыдракӕндты, се хсӕн наркотикон буарадтӕй пайда кӕныны тыххӕй, бӕрнмӕ ӕрбаздӕхтой цалдӕр адӕймаджы.
"Афтӕ ма Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ профилактикон мадзӕлтты рӕстӕджы Ереды хъӕуы ссардтой ӕмӕ скуынӕг кодтой наркотикон буарад "гӕн"-ы 20 къутӕры", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕнгӕйӕ мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ ӕрцахстой аст адӕймаджы. Тӕрхондон административон ӕфхӕрд рахаста ӕртӕ адӕймагӕн, дыууӕйы та ӕркодтой ахсгӕ.