Бибылты Анатолий Хуссар Иры УУМ куысты тыххӕй: стыр профессионализм

© Sputnik / Плиты ФатимаХИ УУМ сæххæст ис 9 аз
ХИ УУМ сæххæст ис 9 аз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад абон нысан кӕны йӕ бындурӕвӕрды 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕн ӕмӕ ветерантӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.

МЧС РЮО 9 лет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры УУМ нысан кӕны йӕ сæвзæрды юбилей

Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уагдон цыппӕрӕмы нысан кӕны 10 азы юбилей. Уӕлвӕткон уавӕрты министрад саразыны фӕдыл бадзырд бафыстой 2008 азы 4 октябры, Хуссар Ирыстоны хӕстӕй дыууӕ мӕй фӕстӕдӕр. Уагдоны арӕзтад цыд Уӕрӕсейы УУМ активон ӕххуысы руаджы.

"Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусынц хъӕбатыр адӕм. Ивгъуыд ӕзты арӕзт ӕрцыд егъау куыст, цӕмӕй саразой территориалон органтӕ, афтӕ ма профессионалон фӕлтӕрд дӕр фӕхуыздӕр кӕной", — загъта президент.

Бибылты Анатолий загъта, УУМ кусджыты сӕйраг хӕслӕвӕрд кӕй у ӕмбӕстӕгтӕн ӕххуыс кӕнын, афтӕ ма президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, хуссарирыстойнаг ирвӕзынгӕнджыты хорз ӕххӕст кӕнынц ацы хӕслӕвӕрд.

"Сымах алыхатт дӕр стут цӕттӕ ӕмӕ оперативон кусут, цӕмӕй аиуварс кӕнат алыгъуызон уӕлвӕткон уавӕртӕ ӕмӕ уӕ куыстыл разыны уӕ стыр профессионализм", — банысан кодта президент.

Президент загъта бузныг УУМ кусджытӕн сӕ куысты тыххӕй Хуссар Ирыстоны хӕрзӕбонӕн. Афта ма Бибылты Анатолий загъта кӕй йӕ уырны уагдоны кусджытӕ дарддӕр дӕр цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0