Хуссар Иры ӕрдзырдтой республикӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕфсӕддонты иумӕйаг цӕттӕкӕнынадыл

© Sputnik / Ада БагианУФ 4-ӕм базӕ Хуссар Иры
УФ 4-ӕм базӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг ӕрдзырдта Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадимӕ ӕфсӕддонты иумӕйаг цӕттӕкӕнынадыл

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд Хуссар федералон зылды ӕфсӕдты командӕгӕнӕг, инӕлар-булкъон Александр Дворников ӕмӕ ӕрдзырдта республикӕйы къухдариуӕгадимӕ ӕфсӕддонты иумӕйаг хӕстон цӕттӕкӕнынадыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости Хуссар федералон зылды пресс-службӕйы информаци.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры хайад исынц егъау ахуырты

"Кусӕгон балцы рӕстӕджы командӕгӕнӕг фембӕлд республикӕйы къухдариуӕгадимӕ. Александр Дворников ӕрдзырдта Хуссар федералон зылды ӕфсӕдты ӕмӕ республикӕйы ӕфсады иумӕйаг хӕстон цӕттӕкӕнынадыл ӕмӕ уый фӕстӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министримӕ иумӕ ацыд ӕфсӕддон полигон "Дзарцъем"-мӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Балцы рӕстӕджы командӕгӕнӕг саргъ кодта Хуссар ӕфсӕддон зылды 58-ӕм ӕфсады хайадты цӕттӕкӕнынадӕн, кӕцытӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕдтимӕ иумӕ ӕххӕст кодтой полигоныл ахуырадон-хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0