ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ӕрдзырдта мадзӕлтты тыххӕй, кӕцытӕ сты нывонд Ахуыргӕнӕджы бонӕн ӕмӕ раарфӕ кодта республикӕйы ахуыргӕнджытӕн ахуырады министр Гасситы Наталиимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны, 5 октябры, сӕ профессионалон бӕрӕгбон нысан кӕнынц ахуырады фадыджы кусджытӕ.
"Иууыл зындӕр уавӕрты дӕр ахуыргӕнджытӕ куыстой нӕ сывӕллӕттимӕ, хъомыл сӕ кодтой. Ахуыргӕнӕджы ныхас махӕй алкӕмӕн дӕр у сыгъдӕг. Ахуыргӕнджытӕ сты сыгъдӕг адӕм — уыдон сӕ тыхтӕ иууылдӕр раттынц сӕ куыстӕн, цӕмӕй нӕ сывӕллӕттӕ райсой хорз хъомылад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ, цӕмӕй сын уа царды бындур", — банысан кодта Бибылты Анатолий.
Афтӕ ма паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрымысыд Хуссар Ирыстоны зын ӕзтӕ, ахуырады процесс куы цыд уазал агъуыстты.
"Мах никуы ферох кӕндзыстӕм уыцы ӕзтӕ, ахуыргӕнджытӕ-иу куы хастой сугтӕ хӕдзарӕй къластӕ хъарм кӕнынӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй сын мах ноджы фылдӕр кад кӕнӕм", — бахахх кодта президент.
Ахуыргӕнӕджы ӕппӕтдунейон бон, кӕцы ӕрвылаз нысан кӕнынц 5 октябры, расидт ЮНЕСКО 1994 азы. Ацы бон 1966 азы ӕрцыд тынг ахсджиаг цау ахуыргӕнджытӕн: ӕхсӕнхицауадон къамисы конференцийы рӕстӕджы Парижы ЮНЕСКО ӕмӕ Куысты ӕхсӕнадӕмон организаци райста фыццаг ӕхсӕнадӕмон документ ахуырады кусджыты барадон статусы фӕдыл.