Уӕрӕсейаг уазнывгӕнджытӕ ӕрцӕудзысты Цхинвалмӕ аргъуаны къултӕ ныв кӕнынмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянУæрæсейы рæстдинон дзуары аргъуан Цхинвалы
Уæрæсейы рæстдинон дзуары аргъуан Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уазнывгӕнӕджы къорд ныридӕгӕн дыккаг хатт ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ

ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг уазнывгӕнджытӕ 9 октябры ӕрцӕудзысты Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй сныв кӕной Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны къултыл, хъусын кӕны РИА Новости уазнывгӕнӕн ӕрмадзы сӕргълӕууӕг Олег Шуркусы ныхӕстӕ.

Культурæйы цыртдзæвæнтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг реставратортӕ ӕркастысты астӕузаманы аргъуантӕм Хуссар Иры

Шуркус банысан кодта, 12 уазнывгӕнӕджы къорд ныридӕгӕн дыккаг хатт кӕй ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ — 2018 азы ма уыдон уыдысты ам.

Афтӕ ма уый фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны къултыл уазнывтӕ кӕныны тыххӕй уыдон равзӕрстой традицион схемӕ.

Уӕрӕсейы рӕстдинон аргъуаны арӕзтад Цхинвалы райдыдта 2015 азы, ныридӕгӕн дзы уадзынц службӕтӕ. Олег Шуркусы Уазнывгӕнӕн ӕрмадз уӕвы 1996 азӕй фӕстӕмӕ, йӕ уазнывгӕнджытӕ сныв кодтой Уӕрӕсе ӕмӕ фӕсарӕнты 40 аргъуаны къултыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0