Гуырдзыстойнаг сылгоймаджы, кӕцыйы ӕрцахстой Хуссар Иры, радтой гуырдзиӕгтӕн

© Sputnik / Наталья АйриянГуырдзыстойнаг сылгоймаджы, кӕцыйы ӕрцахстой Хуссар Иры, радтой гуырдзиӕгтӕн
Гуырдзыстойнаг сылгоймаджы, кӕцыйы ӕрцахстой Хуссар Иры, радтой гуырдзиӕгтӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны рахастой уынаффӕ Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймагӕн, кӕцыйы ӕрцахстой арӕн ӕнӕзакононӕй ахизыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстоны радтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймаг Майя Отинашвилийы, кӕцы ӕнӕзакононӕй ахызт паддзахадон арӕн, гуырдзиаг фарсы минӕвӕрттӕн. Раздӕр Ленингоры районы тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй фыдгӕнӕджы дзырдӕй сбадын кӕной ахӕстоны иу азмӕ.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрцахстой гуырдзыстойнаг сылгоймаджы

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) арӕнгӕрон службӕйы кусджытӕ ӕрцахстой 37-аздзыд Майя Отинашвилийы Ленингоры районы цӕрӕн пункт Ӕмдзӕрины цур. Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъӕуы цӕрӕг сылгоймаг ӕнӕзакононӕй ахызт Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн арӕны сӕрты сабаты, 29 сентябры. Афтӕ ма сбӕрӕг кодтой, Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймаг бирӕ рӕстӕг ӕхцайыл кӕй ӕххуыс кодта адӕмӕн ахизын паддзахадон арӕныл.

Тӕрхондон уынаффӕ куы хаста, уӕд ӕркаст цауы ӕууӕлтӕм — сылгоймаджы раздӕр никуы ӕрцахстой, басаст йӕ фыдракӕндыл, ӕххуыс кодта фӕдагуырдӕн, афтӕ ма йын ис ӕртӕ ӕнахъом сывӕллоны.

Уынаффӕ рахӕссыны фӕстӕ, сылгоймаджы радтой гуырдзиаг фарсы минӕвӕрттӕн Эргнеты хъӕуы цур.

Ног хабӕртты лентӕ
0