Цхинвалы ӕрӕхгӕндзысты централон уынгтӕй иуы фӕндагон змӕлд

© Sputnik / Михаил ХасиевЦхинвальские улицы
Цхинвальские улицы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзысты Мӕскуыйаг уынджы хай Хъайтарты Аллейы мадзал ауадзыны тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 12 окт — Sputnik. Цхинвалы цалдӕр уынджы рӕстӕгмӕ сӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Цхинвалы уынгты цалдӕр хайы сӕхгӕндзысты автотранспорты змӕлд Хъайтарты Аллейы мадзал ауадзыны тыххӕй, кӕцы у нывонд фашистон концлагерь Собиборы растадыл 75 азы сӕххӕстӕн", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сӕхгӕндзысты Мӕскуыйаг уынг Ирӕтты уынгӕй кафе "Рандеву" ӕмӕ Цоциты Василийы уынджы онг.

Мысӕн мадзал, кӕцы у нывонд конлагерь Собиборы растадыл 75 азы сӕххӕстӕн, ацӕудзӕн абон Цхинвалы, 14.00 сахатыл. Мысӕн бон сорганизаци кодта Россотрудничество Хуссар Ирыстоны ахуырад ӕмӕ зонады министрад ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитетимӕ иумӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0