Бафтауын литературӕйыл: Цхинвалы байуӕрстой ирон авторты чингуытӕ

© Sputnik / Диана ВалиеваЦхинвалы байуӕрстой ирон авторты чингуытӕ
Цхинвалы байуӕрстой ирон авторты чингуытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон классик Хетӕгкаты Къостайы гуырӕнбонмӕ Цхинвалы цӕрджытӕн лӕвар кӕнынц ирон литературӕйы ног чингуытӕ

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрджытӕн ирон классик Хетӕгкаты Къостайы гуырӕнбоны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты равдыстой ирон авторты 60 чиныгӕй фылдӕр.

Хетæгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тест Къостайы райгуырæн бонмæ: цас зонгæ стут поэты цардимæ?

Республикӕйы цӕрджытӕн ис фадат ӕрмӕст ирон литературӕйы уацмыстимӕ базонгӕ уӕвынӕн нӕ, фӕлӕ ма сӕ зӕрдӕмӕ цы чингуытӕ фӕцыдысты, уыдон ахӕссын сӕхицӕн.

Чингуыты акци, кӕцы сорганизаци кодта Хуссар Ирыстоны информаци ӕмӕ мыхуыры комитет, бафтаудзӕн кӕсджыты ирон авторты сфӕлдыстадыл, банысан кодта паддзахадон комитеты министры хӕдивӕг Коцты Андрей.

Чингуытимӕ стенды цур уайтагъд ӕрӕмбырд бирӕ адӕм, кӕцыты цымыдис кодтой авторты уацмыстӕ, дӕттой фарстытӕ ӕмӕ хастой сӕхицӕн чингуытӕ.

Ирон литературӕйы классик Хетӕгкаты Къоста райгуырд 1859 азы, 15 октябры. Абон Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны нысан кӕнынц поэт ӕмӕ драматургыл 159 азы сӕххӕсты бӕрӕгбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0