Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

© Sputnik / Гасситы Сосланы архивæй къамДунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан
Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æрмхæцæг финалы басаста гуырдзиаг спортсмены æмæ ацы уæлахизæй балхынцъ кодта йæ ралæудтæ фæсивæдон ерысты, дарддæр уый йæ карьерæ амайдзæн хистæр кары спортсменты ʻхсæн

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейы чемпионаты сыгъзæрин майдан фæсивæды хсæн. Цхинвайлаг æрмхæцæгæн уый ссис æхсæзæм майдан дунейон æмвæзады ерысты, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий. 

Гасситы Сослан финалы басаста гуырдзиаг спортсмены æмæ ацы уæлахизæй балхынцъ кодта йæ ралæудтæ фæсивæдон ерысты, дарддæр уый йæ карьерæ амайдзæн хистæр кары спортсменты ʻхсæн.

"Фæсивæды ʻхсæн 90 кг уæзы категорийы Гасситы Сослан финалы рамбылдта гуырдзиаг спортсмен Торнике Гигаурийы æмæ ссис уæлахиздзау. Ацы ерысты фæлгæтты уый стох кæндзæн хистæр кары спортсменты ʻхсæн дæр, уым дæр æнхъæлмæ кæсæм йæ радон æнтыстмæ", — банысан кодта тренер.

Дунейон ерысты триумфаторты хсæн ис ноджы иу цхинвайлаг æрмхæцæг — Плиты Батрадз рамбылдта æвзист майдан.

"Плиты Батрадз тох кодта 80 кг уæзы юниоры ʻхсæн. Хорз бæрæггæнæнтæ равдыста, фæлæ финалы фæхæрд ис хъазахагæн, уый хыгъд рамбылдта дыккаг бынат", — бафтыдта Джиоты Валерий.

Тренер ма радзырдта, ерысты фæлгæтты ма кæй стох кæндзысты йæ дыууæ хъомылгæнинаг Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен.

Дунейы чемпионат æмæ фыццагад армспортæй цæуы туркаг Анталияйы 13-21 октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0