Гъӕд ӕмӕ ӕмгъуыд: Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл

© Пресс-служба правительства РЮОХуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл
Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдар ӕрдомдта уагдӕттӕй, кӕцытӕ хайад исынц арӕзтадон куыстыты, оперативон ӕмархайд ӕмӕ рӕстӕгыл хыгъдлӕвӕрд раттын

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Объекттӕ, кӕцытӕ нывӕндынц раттын эксплуатацимӕ ацы аз, хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуой гъӕдджынӕй ӕмӕ рӕстӕгыл, загъта Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл рабадты.

Совещание по вопросам социально-экономического сотрудничества между Республикой Южная Осетия и Российской Федерацией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: фӕстиӕттӕ инвестпрограммӕйы реализацийы рӕстӕджы нӕй

Хицауады пресс-службӕ фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Пухаты Эрик ӕрдомдта организацитӕй, кӕцытӕ хайад исын арӕзтады процессы, цӕмӕй оперативон ӕмархайд кӕной, нардуатон организацитӕ та рӕстӕгыл ӕххӕст кӕной сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

"Алкӕцы бӕрнон разамонӕг дӕр йӕ хайады хъуамӕ сараза алцыдӕр, цӕмӕй объекттӕ радтой эксплуатацимӕ гъӕдджын ӕмӕ дырыс ӕмгъуыдмӕ. Ацы хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн сымахӕн ис ӕмбӕлон фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕрмӕджытӕ", — загъта Пухаты Эрик.

Афтӕ ма уый бавджид кодта арӕзтады министрад ӕмӕ фӕндагон арӕзтады комитеты, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕной Дзауы поселочы президенты резиденцимӕ бацӕуӕны ӕмбонд саразыны фарст.

Хицауады сӕрдар ӕрдомдта иу къуыримӕ бадӕттын цӕттӕ хъӕппӕристӕ рабадты фарстыты фӕдыл ӕмӕ райсын ӕмбӕлгӕ мадзӕлттӕ, цӕмӕй бацӕттӕ кӕной хыгъдон документаци.

Рабадты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой горӕты уынгты хӕрзвадаты фарстытыл ӕмӕ хицауадмӕ сӕ куысты хыгъдлӕвӕрд бадӕттыны тыххӕй, афтӕ ма бахъахъхъӕныны цифрон телеуынынады хызӕджы ифтонггарз.

Ног хабӕртты лентӕ
0