Хуссар Иры ивынц зӕронд электрохызӕгтӕ

© Sputnik / Артем Креминский /  Ахизын медиабанкмæЭлектрохызӕгтӕ
Электрохызӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Электрохызӕгтӕ баивыны куыстытӕ сӕххӕст кодтой куыд столицӕйы, афтӕ ма республикӕйы Ленингоры ӕмӕ Дзауы районты

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕмӕ бахастой зӕронд электрохызӕгты баивыны аст мадзалы куыд столицӕйы, афтӕ республикӕйы районты дӕр, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Электрохызӕгтӕ баивыны куыстытӕ сӕххӕст кодтой столицӕйы, афтӕ ма республикӕйы Ленингоры ӕмӕ Дзауы районы.

"Фесты куыстытӕ "Къроз — Църу", "Къуайса — Начърепа" хызӕгтыл, цӕуынц ма дзы ӕрмӕст рӕвдзгӕнӕн мадзӕлттӕ", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, электрохызӕгтӕ баивыны куыстыты хайад исынц техникӕйы аст иуӕджы ӕмӕ 18 адӕймаджы, куыстытӕ уадзы Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс". Иумӕйагӕй электрохызӕгты модернизацийы тыххӕй, кӕцы хъуамӕ сӕххӕст кӕной 2019 азы кӕрӕттӕм, рахицӕн кодтой 76 милуан 600 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0