"Тургеневы ӕндӕвдад": Россотрудничество уадзы презентациты конкурс

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæИ.С. Тургенев
И.С. Тургенев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуыргӕнинӕгтӕн ис фадат хайад райсын сфӕлдыстадон конкурс "Вдохновленные Тургеневым"-ы, уый тыххӕй сӕ хъӕуы бацӕттӕ кӕнын презентаци уӕрӕсейаг фыссӕджы цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй

Цхинвал, 17 окт — Sputnik. Зындгонд уӕрӕсейаг фыссӕг Иван Тургеневы 200 азы юбилейы бӕрӕгбоны размӕ Зонад ӕмӕ культурӕйы уӕрӕсейаг центр Хуссар Ирыстоны уадзы сфӕлдыстадон конкурс "Вдохновленные Тургеневым" хистӕр кълӕсты ахуыргӕнинӕгты хсӕн. Конкурсы фӕлгӕтты хъӕуы бацӕттӕ кӕнын презентаци Power Point (Microsoft office 2007) форматы искӕцы темайыл:

— Иван Тургеневы цард

— Иван Тургеневы сфӕлдыстад

— Ӕрдз Иван Тургеневы цард ӕмӕ сфӕлдыстады

— Иван Тургеневы музейтӕ

Конкурсы хайад райсыны фӕдыл куырдиат бавдисӕн ис 26 сентябрӕй 26 октябрьмӕ электронон адресы уылты: mandraji.alla@mail.ru, кӕнӕ та Цхинвалы Плиты Иссӕйы уынгыл, 17.

Бавдысты хъӕуы ныффыссын ахӕм зонӕнтӕ: ахуыргӕнӕндоны ном, мыггаг, ахуыргӕнинаджы ном, кълас, телефон, электронон адрес.

Конкурсы хайадисджыты схорзӕхджын кӕндзысты мадзалы рӕстӕджы, кӕцы уыдзӕн нывонд Иван Тургеневы 200 азы юбилейӕн. Мадзалы датӕ ӕмӕ бынат фехъусын кӕндзысты фӕстӕдӕр Зонад ӕмӕ культурӕйы уӕрӕсейаг центры сайтыл http://rso.rs.gov.ru.

Лӕмбынӕгдӕр конкурсы тыххӕй гӕнӕн ис базонын Россотрудничествойы сайтыл, кӕнӕ ацы номырыл +7 (929) 810-68-86.

Ног хабӕртты лентӕ
0