ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг армрестлертæ Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен дунейы фыццагады ерысты дыккаг бон æрхастой командæйæн дыууæ æвзист майданы. Ӕрмхæцджыты тренер Джиоты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, уый йæ хъомылгæнинæгтæн се ʻппæтæн дæр сæ ралæудты тыххæй æвæры фæндзтæ.
Æмткæй Цхинвалы армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ дунейы фыццагады рамбылдтой фондз майданы – дыууæ сыгъзæрин рамбылдта Гасситы Сослан – рахиз æмæ галиу къухтæй. Æвзисттæ райстой Дыгъуызты Милена, Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Арсен. Абон та сахъат спортсменты хсæн тохы бацæудзæн не ʻмзæххон Дыгъуызты Малхаз.
"Миленæйæн фондз, йæ ныхмæлæуджыты фæд-фæдыл бырста ерысты фæлгæтты æмæ дзы мæ цæстæй ракастæн. Финалы йæм æрхаудта æнæсаст спортсмен Барбара Бочкова, кæцы асæй æмæ уæзæй у зынгæ фылдæр нæ спортсменкæйæ. Хæбæлаты Арсен дæр хорз тох кодта, финалы уый дыккаг бынат райста фæткхалды тыххæй", — загъта тренер Джиоты Валерий.
Гасситы Сосланы хæзнадоны ис дунейон ерысты 7 сыгъзæрин майданы, уый дарддæр хизы хистæр кары категоримæ.
Хæбæлаты Арсен у 2016 азы Уæрæсейы чемпион, 2017 азы æвзист призер æмæ 2018 азы бронзæйон æмæ 2018 азы дунейы чемпионаты æвзист призер.
Плиты Батрадз Уæрæсейы фыццагады фæстаг дыууæ азы фæд-фæдыл рамбылдта æвзист майдантæ, ныр ма сæм æрбафтыд дунейон æвзист Туркы ерыстæй.
Дыгъуызты Милена у 2017-2018 æзты Уæрæсейы уæлахиздзау, ацы æзты Европæйы æвзист призер æмæ фæстаг æнтыст хынцгæйæ та 2017-2018 æзты дунейы чемпионаты æвзист æмæ бронзæйон призер.