Хуссар Иры экономикӕйы министр фембӕлд Уӕрӕсейы энергетикӕйы министры хӕдивӕгимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Геннадий
Кокойты Геннадий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы сфидар кодтой ӕнӕфиддонон нефтепродукцийы бӕрцуат Хуссар Ирыстонӕн 2019 азы

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны энергетикӕйы министрады сӕргълӕууӕг Кокойты Геннадий ӕмӕ Уӕрӕсейы энергетикӕйы министры хӕдивӕг Павел Сорокин ӕрдзырдтой ӕртаджы-энергетикон фадыджы дыууӕварсон ӕмгуыстады тыххӕй.

Дыууӕ уагдоны сӕргълӕуджыты кусӕгон фембӕлд ацыд дыццӕджы Мӕскуыйы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны официалон портал. Фарсытӕ ӕрдзырдтой 2018 азы ӕнӕфиддонон нефтепродукцийы бӕрцуаты тыххӕй.

Хицауады хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Газпром Хуссар Ирыстон" куыстуаты арӕзтадыл ӕрдзырдтой хицауады

"Афтӕ ма сфидар кодтой 2019 азы ӕнӕфиддон нефтепродукцийы бӕрцуат. Хъӕуы банысан кӕнын, ацы аз ӕнӕфиддон базарадты ӕхсӕнмӕ бахаудта ӕрдзон газ дӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Фӕстагмӕ фарсытӕ бафыстой 2019 азы Хуссар Ирыстоны ӕнӕфиддонон нефтепродукцийы бӕрцуаты фӕдыл протокол.

Павел Сорокин банысан кодта уагдӕтты ӕхсӕн ӕмгуыстады стыр ӕмвӕзад.

Фембӕлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны экономикон райрӕзты министры фыццаг хӕдивӕг Тадтаты Дзамболат, нефть ӕмӕ газы рацарӕзты департаменты ди⁠ректоры хӕдивӕг Виталий Юлусов ӕмӕ балансты хайады хистӕр Евгений Бочков.

Ног хабӕртты лентӕ
0