Ӕртӕ зианбаййафӕджы: Дзауы районы сӕмбӕлдысты рог ӕмӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ

© Пресс-служба МВД РЮОДзауы районы сӕмбӕлдысты рог ӕмӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ
Дзауы районы сӕмбӕлдысты рог ӕмӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рог хӕдтулгӕйы шофыр ӕмӕ пассажирты алыгъуызон цӕфтимӕ аластой рынчындонмӕ

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы аварийы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой ӕртӕ адӕймаджы, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд Дзау-Рук фӕндаджы ӕстӕм километрыл.

Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры нозтджын шофыр ныццавта пенсиисӕджы

Уагдоны информацимӕ гӕсгӕ, "ВАЗ 21102" хӕдтулгӕ, кӕцыйыл скъӕрдта Дзауы районы Кърозы хъӕуы 48-аздзыд цӕрӕг, сӕмбӕлд "КАМАЗ"-имӕ, кӕцыйы шофыр уыд Цхинвалы 59-аздзыд цӕрӕг.

"Цауы фӕстиуӕгӕн рог хӕдтулгӕйы шофыр ӕмӕ дыууӕ пассажиркӕйы — Кърозы хъӕуы 30-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ Уанелы хъӕуы 32-аздзыд цӕрӕджы алыгъуызон цӕфтимӕ аластой Цхинвалы рынчындонмӕ", — дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

МХМ банысан кодтой, зӕгъгӕ, медицинон багӕрст сбӕрӕг кодта, рог хӕдтулгӕйы шофыр кӕй уыд нозтджын, уӕзласӕн хӕдтулгӕйы шофыр та ӕрвонг.

Басгӕрст уадзы Дзауы районы автоинспекци.

Ног хабӕртты лентӕ
0