Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд уӕрӕсейаг ӕмӕ абхазаг коллегӕтимӕ

© Пресс-служба МВД Южной ОсетииХуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд уӕрӕсейаг ӕмӕ абхазаг коллегӕтимӕ
Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд уӕрӕсейаг ӕмӕ абхазаг коллегӕтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фарсытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстад сфидар кӕнын ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны проблемӕтыл

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Практикон фӕлтӕрдзинад ӕмӕ информаци баивыны фадат баххуыс кӕндзӕн криминалон цауты рӕстӕджы оперативон архайд кӕнынӕн, бахахх кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министр кусӕгон фембӕлды рӕстӕджы йӕ коллегӕтимӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Здание МВД РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕг бафӕдзӕхста дисциплинӕ халджыты

Фембӕлд ацыд Цхинвалы. Фарсытӕ ӕрдзырдтой ӕмгуыстад сфидар кӕнын ӕмӕ фыдракӕндты ныхмӕ тох кӕныны фарстытыл.

"Практикон фӕлтӕрдзинад ӕмӕ информаци баивыны фадат баххуыс кӕндзӕн криминалон цауты рӕстӕджы оперативон архайд кӕнынӕн. Ӕз хъуыды кӕнын, дарддӕр дӕр нӕ уагдӕтты ӕхсӕн ахастытӕ кӕй фидар кӕндзысты", — радӕтта пресс-службӕ Наниты Игоры ныхӕстӕ.

Республикӕйы МХМ сӕргълӕууӕг загъта бузныг уазджытӕн ӕнтыстджын ӕмгуыстад ӕмӕ ӕмархайды тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, уагдӕтты ӕхсӕн ахастытӕ кӕй сфидар уыдзысты.

Фембӕлды кӕрон Наниты Игорь радта йӕ коллегӕтӕн уагдонон хорзӕхтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0