Хъотайты Мария: Хуссар Иры уӕлбар кредит райсын ссис ӕнцондӕр

© Sputnik / Наталья АйриянБрифинг Марии Котаевой
Брифинг Марии Котаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг радзырдта, куыд фӕивта уӕлбар кредиткӕнынады программӕ чысыл амалиуӕгадтӕн

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Уӕлбар кредиткӕнынад ӕххуыс кӕны бӕстӕйы экономикӕ фидар кӕнынӕн ӕмӕ дӕтты фадат бизнесментӕн сӕ хъуыддаг аразын, фехъусын кодта Sputnik пресс-центры радон брифингы рӕстӕджы информаци ӕмӕ мыхуыры паддзахадон комитеты сӕргълӕууӕг Хъотайты Мария.

Диппредставительства Южной Осетии начали работу в ДНР и ЛНР - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕрмкусджыты ссӕрибар кӕндзысты хъалон фидынӕй

Фарон ноябры Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путины фембӕлды рӕстӕджы бафытӕуыд бадзырд, цӕмӕй Уӕрӕсе рахицӕн кӕна милиард сом бӕстӕйы хъӕууон хӕдзарады ӕххуысӕн.

"Абоны бон уӕлбар кредиттӕ райстой 150 ӕмбӕстагӕй 50. Гӕнӕн ис ӕмӕ 400 мин сом фӕкӕса чысыл суммӕ, фӕлӕ нӕ амалиуӕггӕнджытӕн уый у ӕцӕг ӕххуыс, уый тыххӕй ӕмӕ раздӕр фермертӕ сӕ бизнес арӕзтой ӕрмӕст дӕр сӕхи тыхтӕй", — загъта Хъотайты Мария.

Уӕлбар кредиттӕ дӕттынц ӕртӕ азмӕ, афтӕ ма фыццаг ӕрдӕг, кӕнӕ ӕнӕхъӕн аз ӕмбӕстӕгтӕ вӕййынц сӕрибар фидынӕй.

Информацион уагдоны сӕргълӕууӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, паддзахад сӕххӕст кодта йӕ хӕслӕвӕрд уӕлбар кредиткӕнынады фадыджы ӕмӕ дарддӕр та фылдӕр кӕндзӕн экономикон ӕххуыс чысыл амалиуӕгадӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0