Цхинвайлаг модельер Бекъойты Хох равдыста йæ коллекци Нальчикы

© Sputnik / Из архива Хоха Бекоева Бекъойты Хохы коллекцийы равдысты
Бекъойты Хохы коллекцийы равдысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Модæйы изæры бавдыстой 10 дизайнерон коллекцийы, сæ нымæцы Бекъойты Хохы "Дыккаг уарзт" дæр

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох бавдыста йæ коллекци "Дыккаг уарзт" фæззыгон равдысты "BEAUTY DRIVE Show" Нальчикы. Ныр уый уыд ацы коллекцийы цыппæрæм рахызт подиуммæ, фехъусын кодта Sputnik Бекъойты Хох.

Дизайнер Бекъойты Хох конкурс Пульс моды-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Хохы коллекци "Дыккаг уарзт" ссис модæйы конкурсы лауреат

"Амæйразмæ ма йæ равдыстон Санкт-Петербурджы, дыууæ хатты та Дзæуджыхъæуы хицæн фæзуæттыл. Ам архайдтой куыд бæнæттон, афтæ ма æндæр цæгаткавказаг республикæтæй дизайнертæ, æдæппæт дæс коллекцийы. Уый у хорз фадат мæ коллегæтимæ зонгæ кæнынæн æмæ фæлтæрддзинад исынæн", — загъта Бекъойты Хох.

Дизайнер ма банысан кодта, ныр та куыст кæй цæуы йæ ног коллекцийыл.

Фæззыгон равдыст "BEAUTY DRIVE Show" ацыд хуыцаубоны, 21 октябры кæсæгбалхъараг стадион "Трудовые Резервы"–йы.

Ног хабӕртты лентӕ
0