Путин раарфæ кодта ирон богалæн дунейы чемпионаты уæлахизы фæдыл

© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон богал Сидахъты Зауыр райста "сыгъзæрин" дунейы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй, гуырдзиаг спортсмены рамбулгæйæ

ЦХИНВАЛ, 23 окт — Sputnik. Уæрæсейы президент Владимир Путин раарфæ кодта ирон уæгъдибар хъæбысхæцæг Сидахъты Зауырæн, кæцы рамбылдта дунейы чемпионат Будапешты. Уый фæдыл текст мыхуыр æрцыд Кремлы сайтыл.

Сидахъты Зауыры сыгъзæрин майдан ссис фыццаг Уæрæсейаг æмбырдгондæн.

Сидахъты Зауыр рамбылдта дунейы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал рамбылдта дунейы чемпионат

"Дунейы чемпионаты аккаг равдыстай дæхи, фенын кодтай дæсныйады бæрзонд æмвæзад, куыд фæзæгъынц, бакуыстай хатдзæгыл", — дзырдæуы Уæрæсейы президенты арфæйы.

Сидахъты Зауыр финалмæ фæндагыл фæуæлахиз олимпиаг чемпион Джордан Барроуз æмæ дунейы чемпион Франк Чамисойыл. Финалы Сидахъты Зауыр гуырдзиаг хъæбысхæцæг Автандил Кенчадзейы рамбылдта 2:2 хыгъдæй.

Ирон хъæбысхæцæг, Уæрæсейы æмбырдгонды уæнг, бæстæйы чемпион Сидахъты Зауыр рамбылдта дунейы чемпионат 74 кг уæзы.

Дунейон ерыстæ райдыдтой Будапешты 20 октябры. Уæрæсейы тырысайы бын архайынц 10 богалы.

© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Сидахъты Зауыр
© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5
Сидахъты Зауыр
© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/5
Сидахъты Зауыр
© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/5
Сидахъты Зауыр
© United World WrestlingСидахъты Зауыр
Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/5
Сидахъты Зауыр
1/5
Сидахъты Зауыр
2/5
Сидахъты Зауыр
3/5
Сидахъты Зауыр
4/5
Сидахъты Зауыр
5/5
Сидахъты Зауыр
Ног хабӕртты лентӕ
0