Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок

© Sputnik / Из архива тренера А. ПлиеваЦхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта ерыстæ
Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг уæзисæг сæххæст кодта Уæрæсейы спорты мастеры норматив – систа 730 кг

ЦХИНВАЛ, 24 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок пауэрлифтингæй. Ирон уæзисæг æртæ хуызы ерысты систа 750 кг, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренертæй иу Плиты Артур.

Ерыстæ цыдысты Екатеринбургы. Икъаты Сæрмæт æмткæй систа 750 кг, уыдонæй 730 кг у спорты мастеры норматив.

"Икъаты Сæрмæтмæ цæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыдон сæххæст кодта æппæтдæр. 125 кг уæзы уый ссис абсолютон чемпион, стæй ма сæххæст кодта Уæрæсейы спорты мастеры норматив — 730 кг систа æртæ хуызы ерысты. Хицæн дисциплинæты систа 300, 160 æмæ 290 кг ", — загъта Плиты Артур.

Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тренеры хуызист: штангӕисӕг Плиты Артур æмæ йæ рекордсментӕ

Тренер ма бузныджы нæхæстæ загъта Спорты комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ коллективæн, стæй ма парламенты спикер Гасситы Петрæн се ʻххуысы тыххæй ерыстæм ацæуыны хъуыддаджы.

Икъаты Сæрмæтыл цæуы 21 азы, 18 азæй фæстӕмæ рамбылдта 40-æй фылдæр фыццаг бынаты хицæн æмвæзады ерысты. Цхинвалы спортсмены цæттæ кæнынц уæззау атлетикæйы скъолайы тренертæ Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз. Скъолайæн разамынад дæтты Советон Гуырдзыстоны бирæ хатты чемпион, æхсæнадæмон классы спорты мастер уæззау атлетикæйæ Тасойты Олег.

Ног хабӕртты лентӕ
0