Уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонты Хуссар Иры сыстын кодтой фӕдисы

© Sputnik / Григорий СысоевУӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ Цхинвалы
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хатдзӕгон басгӕрсты рӕстӕджы базӕйы хайадтӕ ратдзысты ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынады нормативтӕ ӕмӕ ауадздзысты бахыгъдон тактикон ахуыр

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонты сыстын кодтой фӕдисы 2018 ахуырадон азы хатдзӕгон басгӕрсты фӕлгӕтты, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг снайпер - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХӔЗ-ы снайпертӕ скуынӕг кодтой "террористты" Хуссар Иры

58-ӕм ӕфсады комплексон къамис басгардзӕн ӕмӕ саргъ кӕндзӕн хайады ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынадӕн, ӕфсӕддон техникӕйӕн, хайадты моралон-психологон климатӕн ӕмӕ командӕгӕнджыты куыстӕн.

Афтӕ ма хъусдард аздахдзысты коммуналон инфраструктурӕ ӕмӕ цӕрӕнуаты фонды фарстытӕм. Ноджы ма басгӕрсты рӕстӕджы къамис ӕркӕсдзӕн хъарагъулон службӕ ӕмӕ террористы ныхмӕ архайдмӕ, афтӕ ма ӕфсӕддонты физикон цӕттӕкӕнынадмӕ.

Базӕйы хайадтӕ ратдзысты ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынады нормативтӕ полигон Дзарцъемы ӕмӕ ауадздзысты бахыгъдон тактикон ахуыр. Иумӕйагӕй, сӕрдыгон периоды ауагътой 20 тактикон ахуыры ӕмӕ хайадты 150 ӕхсты.

Ног хабӕртты лентӕ
0