ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийӕн бавдыстой афӕдзон хыгъдлӕвӕрд "Югоссельхознадзор"-ы архайды тыххӕй, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Службӕйы сӕргълӕууӕг Мӕргъиты Алан радзырдта уагдоны куысты тыххӕй йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ.
"Ацы аз уыд зын. Уыдис нын егъау проблемӕтӕ: фӕзынд Хуссар Ирыстонӕн ног карантинон объект, хъулон хъӕндил. Хуыты африкӕйӕг емынӕйы тыххӕй та гӕнӕн ис зӕгъын, ацы низ республикӕйы территорийыл фыццаг хатт нӕ фӕзынд ӕмӕ ветеринарон службӕйӕн рауад аиуварс кӕнын йӕ уӕзӕг Знауыры районы", — банысан кодта уый.
Бибылты Анатолий банысан кодта "Югоссельхознадзор"-ы архайды нысаниуӕг, афтӕ ма уӕрӕсейаг коллегӕтимӕ, сӕйраджыдӕр, Россельхознадзоримӕ ӕмгуыстад.
Афтӕ ма президент бахатыд службӕйы кусджытӕм саразын алцыдӕр, цӕмӕй республикӕйы продукцийы фӕлхасгӕнджытӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы дӕр ма дызӕрдыг кӕной йӕ гъӕдӕй.
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, службӕйы агъуыст аккаг нӕу хорз куыстӕн ӕмӕ хъӕуы ссарын уагдонӕн ӕндӕр бынат.
"Ӕввахс рӕстӕджыты мах ӕркӕсдзыстӕм ацы фарстмӕ. Балхӕндзыстӕм ифтонггарз, кӕцы у ӕнӕмӕнгхъӕуӕг уагдоны куыстӕн ӕмӕ араздзыстӕм алцыдӕр, цӕмӕй уӕ куыст уа аккаг", — загъта Бибылты Анатолий.
Афтӕ ма президент йӕ хъус ӕрдардта агъуыстмӕ, кӕцыйы бирӕ ӕзты цӕры ветеринарон лабораторийы хъахъхъӕнӕг Тыджыты Сослан йӕ бинонтимӕ. Бибылты Анатолий загъта, зӕгъгӕ, бинонтӕ хъуамӕ ахӕм уавӕрты ма цӕрой ӕмӕ рахаста уынаффӕ, цӕмӕй Тыджыты бинонтӕн радтой ӕртӕуатон фатер йӕхи фонды фӕрӕзтӕй.
Амӕйразмӕ "Югоссельхознадзор" банысан кодта йӕ сӕвзӕрды афӕдзы бон. Президент раарфӕ кодта коллективӕн ӕмӕ схорзӕхджын кодта службӕйы кусджыты майдантӕй "Хуссар Ирыстоны Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты цытæн".