Президенты Кубок: Цхинвалы райдыдта турнир футболæй

© Sputnik / Фатима ПлиеваПрезиденты Кубок: Цхинвалы райдыдта турнир футболæй
Президенты Кубок: Цхинвалы райдыдта турнир футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты кубок рамбулыныл тох кæнынц 17 командæйы, фыццаг хатт турниры архайы Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы къорд

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд Цхинвалы райдыдтой æппæтреспубликон ерыстæ мини-футболæй хистæр кары командæты æхсæн.

Фембæлдтæ цæуынц æмрæстæджы республикон стадионы æмæ футболы скъола "Фæранк"-ы фæзуаттыл. Командæтæ дих сты цыппар дæлкъордыл.

"Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд турнир ацы аз цæуы дыккаг хатт, архайынц дзы 17 командæйы, се ʻхсæн фыццаг хатт тох кæны Уæрæсейы цыппæрæм æфсæддон базæйы къорд. Тыхджындæр командæ фæбæрæг уыдзæн ноябры райдайæны", — загъта Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина.

Президенты Кубок мини-футболӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
ПӔК-ы футболон командæ рамбылдта Хуссар Иры Президенты Кубок

Турниры уæлахиздзау Президенты Кубокæй дарддæр райсдзæн 50 мин сомы, æвзист призер — 30 мин æмæ æртыккаг бынаты хицау та — 20.

Ивгъуыд аз ерыстæ рамбылдта Паддзахадон æдасдзинады комитеты командæ, уыдон финалы фæуæлахиз сты текстилæгтыл, бронзæйон хорзæхыл тох кодтой Фаллаг фарсы æмæ Хъахъхъæнынады министрады командæтæ, фæлæ æфсæддонтæ ацы тохы разындысты лæмæгъдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0