Хуссар Иры арӕзтады министрад дзырд радта дӕс уынгыл куыстытӕ ӕмгъуыдмӕ фӕуын

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал, улица Гаглоева, строительные работы
Цхинвал, улица Гаглоева, строительные работы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фидӕн аз сцалцӕг кӕндзысты столицӕйы ноджы аст уынджы

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Козаты Диана. Ноябры кӕрӕттӕм фӕуыдзысты Цхинвалы уынгты цалцӕггӕнӕн куыстытӕ, радзырдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Хуссар Иры президент бабӕрӕг кодта Гуфта-Къуайса фӕндаджы арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент бабӕрӕг кодта Гуфта-Къуайса фӕндаджы арӕзтад

Горӕты ӕмӕ республикон нысаниуӕджы уынгты арӕзтад ӕххӕст цӕуы Хуссар Ирыстоны Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.

Ацы аз программӕмӕ бахастой дӕс уынджы, се сцалцӕг кӕнынӕн уӕрӕсейаг бюджетӕй рахицӕн кодтой 580 милуан сомы. Ацы суммӕмӕ ма хауынц донифтонгад, канализаци, газифтонгад ӕмӕ электрондыхты хызӕгты реконструкци дӕр.

"Джыгкайты Шамилы, Нарты, Къуайсайы ӕмӕ Аланты уынгтыл ныридӕгӕн сӕвӕрдтой асфальты фыццаг цъар. Димитровы уынгыл та кусджытӕ сӕвӕрдтой дыккаг цъар дӕр", — радзырдтой арӕзтады министрады.

Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, столицӕйы ноджы дыууӕ уынджы — Чиаты Иосифы ӕмӕ Руставелийы уынгты — цӕттӕ кӕнынц асфальт сӕвӕрынмӕ, куыстытӕ райдайдзысты иу къуыримӕ. Уый фӕстӕ ахиздзысты иннӕ ӕртӕ объектмӕ — Таболты Сергейы (Гаглойты Рутены уынгӕй Сталины уынгмӕ), Коцты Грийы ӕмӕ Коцойты Арсены уынгтӕ.

"Аразджытӕ ӕххӕст кӕнынц сӕ куыст ӕмгъуыдмӕ. 15 ноябрьмӕ дӕс уынджы цалцӕггӕнӕн куыстытӕ иууылдӕр фӕуыдзысты", — баныфсӕвӕрдтой уагдоны.

Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгты арӕзтад адарддӕр уыдзӕн иннӕ аз. 2019 азы Инвестпрограммӕмӕ бахастой аст объекты — Гафезы, Лермонтовы, Гаглойты Рутены, Джиоты Аланы фӕрсуынг, Остъаты ӕфсымӕрты, Уӕлахизы, Харебаты Исахъы ӕмӕ Гаглойты Хазбийы уынгтӕ.

Мадзӕлтты фӕлгӕтты баивдзысты дӕлзӕххон коммуникацитӕ, се хсӕн электрондыхы хӕххытӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0